Цхинвалы цады фӕзынд ирвӕзынгӕнджытӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цады найыныл тобӕ сӕвӕрдтой, фӕлӕ сывӕллӕтты уый нӕ уромы. Уӕлвӕткон цаутӕ ма ‘руадзыны нысанӕн цыппар ирвӕзынгӕнӕджы ӕххӕст кӕндзысты ӕдасдзинад горӕты цады райсомӕй изӕрмӕ

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы цады рады лӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ, хъусын кӕны столицӕйы администрацийы пресс-службӕ.

Администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыппар ӕвзонг нӕлгоймаджы рацыдысты инструктаж Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) профессионалон ирвӕзынӕгджытӕй.

"Ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрвылбон ӕххӕст кӕндзысты улӕфджыты ӕдасдзинад. Сбӕрӕг кодтой куысты фӕтк дӕр – уыдон рады лӕудзысты фӕйнӕ дыууӕйӕ. Цады найын нӕй гӕнӕн, фӕлӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕнахъомты уый уӕддӕр нӕ уромы. Уӕлвӕткон цаутӕ ма ‘руадзыны нысанӕн цыппар ирвӕзынгӕнӕджы ӕххӕст кӕндзысты ӕдасдзинад горӕты цады райсомӕй изӕрмӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма цады аразынц ирвӕзынгӕнӕн станц дӕр, бафтыдта Коцты Зӕринӕ.

Цхинвалы цад ссыгъдӕг кодтой быронӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цад ссыгъдӕг кодтой быронӕй

Ацы аз ацыдысты егъау куыстытӕ цады хӕрзарӕзтады фӕдыл: горӕты службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой цады бын ӕмӕ территори. Фӕлӕ найӕн сезон нырма нӕ бакодтой Югосетпотребнадзор фехӕлдтӕ кӕй ссардта цады, уый тыххӕй. Ӕнӕ санитарон-эпидемиологон уынаффӕйӕ цады найын нӕй гӕнӕн.

Раздӕр горӕты цад уыд арендаторты къухдариуӕгады бын, фӕлӕ уыдон нӕ сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, ӕмӕ 2016 азы цад рахызт мэрийы дӕлбармӕ.

Абоны бон цады сыгъдӕгдзинад ӕмӕ фӕткмӕ йӕ хъус дары горӕты администрацийы хӕрзарӕзтады хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0