Экскурситӕ, тренингтӕ ӕмӕ мастер-класстӕ: цы цӕттӕ кӕны этнолагерь Дзауы районы

© Sputnik / Наталья АйриянЭтнолагерь
Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны августы ацӕудзӕн этнолагерь, цы ран 14-17 азы кары сывӕллӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы цымыдисон программӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ацы аз августы ацӕудзӕн этнолагерь, кӕцыйы организатор у республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет. Уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гатыгкоты Валентинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы проект фыццаг хатт нӕ уадзынц.

Хуссар Иры боны лагеры баулӕфдзысты 280 сывӕллоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боны лагеры баулӕфдзысты 280 сывӕллоны

"Этнолагерӕн бынат равзӕрстой Знауыры районы Начърепайы хъӕуы. Ацы район зынгдгонд у йӕ сыгъдӕг уӕлдӕф ӕмӕ алыгъуызон аив бынӕттӕй. Лагеры хайад райсдзысты 60 адӕймаджы, уыдон сты 14-17 азы кары сывӕллӕттӕ.Лагерь мах уадзӕм рӕзгӕ фӕлтӕры монон-фӕткон хъомылады фӕдыл паддзахадон программӕйы реализацийы фӕлгӕтты", - загъта Гатыгкоты Валентина.

Ацы этнолагеры ауадзыны сӕйраг нысан у ӕрбаздахын фӕсивӕды хъусдард ирӕтты историон ӕмӕ культурон бынтӕм. Организатортӕ фӕхондзысты бынӕттон специалистты тренингтӕ ауадзынӕн, кӕцыты фӕрцы фӕсивӕд базондзӕн сӕ адӕмы истори, ӕвзаг, традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй. Гатыгкоты Валентинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, этнолагеры иу бон нывонд уыдзӕн ирон адӕмы геноцидӕн.

"Иннӕ бонты сывӕллӕттӕ цӕудзысты туристон балцыты, хайад исдзысты тренингты, конкурсты ӕмӕ алыгъуызон хъӕзтыты турнирты", - бафтыдта комитеты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.

Боны кӕрон сывӕллӕттӕ ӕрӕмбырд уыдзысты арты цур, кӕсдзысты аивадон кинонывтӕм ӕмӕ сын сорганизаци кӕндзысты дискотекӕ.

Лагеры хайад райсыны тыххӕй хъӕуы бавдисын паспорт кӕнӕ рагуырды бӕлвырд кӕнӕны документы копи, медицинон справкӕ ӕмӕ куырдиат ныййарджытӕй фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитетмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0