Хуссар Иры премьер фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг проблемӕтӕй сӕ иу

© Sputnik / Элина ГабараеваХуссар Иры премьер фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг проблемӕтӕй сӕ иу
Хуссар Иры премьер фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг проблемӕтӕй сӕ иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдар ралӕууыд депутатты раз хыгъдлӕвӕрдимӕ ӕмӕ фехъусын кодта проблемон фарстытӕ, кӕцытӕ цалдӕр азы дӕргъы нӕ аскъуыддзаг кодтой

ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банымадта хъӕуты нуазыны донӕй сифтонг кӕнын хицауады сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕй сӕ иуыл.

Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цы куыста хицауад 2019 азы: премьер радта депутаттӕн афӕдзон хыгъдлӕвӕрд

Пухаты Эрик банысан кодта, хицауад кӕй фӕнд кӕны саразын ӕмбӕлон программӕ, ӕмӕ ракуырдта депутаттӕй ӕххуыс.

"Дзауы районӕй дарддӕр ацы проблемӕ алкуыдӕр ис. Хӕхты мит азӕй азмӕ цъусдӕр ӕруары, суадӕттӕ хус кӕнынц. Уый фӕдыл ацы проблемӕ тынгдӕр кӕны" - загъта Пухаты Эрик парламентон сессийы рабадтыл.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд ӕмӕ хъӕуты дон ма уа, уӕд уырдӕм фӕндӕгтӕ аразын ӕмӕ инфраструктурӕйы ӕндӕр фарстытӕ скъуыддзаг кӕнын ницы пайда у.

"Уым адӕм нал баззайдзӕн", - загъта хицауады сӕрдар.

Премьер бафтыдта, хицауад лӕмбынӕгӕй кӕй бакусдзӕн ацы проблемӕйыл.

Хуссар Ирыстоны парламенты байхъуыстой хицауады хыгъдлӕвӕрдмӕ 2019 азы куысты фӕдыл. Закондӕттӕг органы сессийы хайад райстой хицауады уӕнгтӕ, уагдӕтты разамонджытӕ, столицӕ ӕмӕ районты къухдариуӕгад. Рабадтмӕ ӕрбаиу президент Бибылты Анатолий дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0