Ӕнахуыр ӕнтӕф: куыд ӕндавынц тӕвд боныгъӕдтӕ Хуссар Иры цӕрджытыл

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз уӕлдӕфы температурӕ иууыл бӕрзонддӕр градусмӕ схызт хуыцаубоны. Къуырисӕры, синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыдзӕн ноджы тӕвддӕр

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ацы бонты ныллӕуыд ӕнахуыр тӕвд боныгъӕдтӕ, уӕлдӕфы хъӕрмад хизы 37-39 градусы онг. Ӕнтӕфы фӕфылдӕр сты тагъд ӕххуысы службӕмӕ фӕсидтӕ дӕр, фехъусын кодта Sputnik РБМЦ хистӕры хӕдивӕг тагъд ӕххуысы службӕйы фӕдыл Хъуылымбегты Эмзар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнахуыр ӕнтӕф зынӕй хӕссын лӕмӕгъ ӕнӕниздзинад кӕмӕн ис, уыцы адӕм. Тынгдӕр тыхсынц гипертониктӕ ӕмӕ нуӕртты низтӕй рынчын категоритӕ.

"Чысыл фӕфылдӕр сты тагъд ӕххуысы службӕмӕ фӕсидтӕ знон. Нӕ къордтӕ ацыдысты рынчынтӕм 55 хатт, ӕндӕр бонты вӕййынц 50 онг. Фондз адӕймаджы дзы схуыссын кодтой рынчындоны", - загъта дохтыр.

Хъуылымбегты Эмзар банысан кодта, тагъд архайды къордтӕ кӕй ӕххӕсынц сӕ куыстыл.

"Цыппар къорды нӕм кусы, сӕ хъусдарды бын ис столицӕ, афтӕ ма Цхинвалы ӕмӕ Знауыры районты горӕтгӕрон хъӕутӕ", - бафтыдта службӕйы хистӕр.

Ацы аз уӕлдӕфы температурӕ иууыл бӕрзонддӕр градусмӕ схызт хуыцаубоны. Къуырисӕры, синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыдзӕн ноджы тӕвддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0