Ирӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн

© Sputnik / Наталья АйриянИрӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн
Ирӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрад уадзы скъоладзаутӕ ӕмӕ студентты хсӕн эссейы конкурс, кӕцы нывонд у ирӕтты геноцидӕн

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрад расидт конкурс, кӕцы нывонд у ирӕтты геноциды сӕдӕ азӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта уӕлӕмхасӕн ахуырады сӕйраг специалист Гӕджиты Анна.

"Ахуырады министрад сарӕзта мадзӕлтты нывӕзт, кӕцытӕ нывонд сты ирӕтты геноцидӕн. Ацы нывӕзтмӕ гӕсгӕ мах расидтыстӕм иууыл хуыздӕр эссейы фӕдыл конкурс ирон адӕмы геноциды темӕйыл", - банысан кодта уый.

Гӕджиты Анна куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй скъолатӕ базыдтой конкурс ауадзыны тыххӕй ацы азы райдайӕны, фӕлӕ коронавирусы тасы фӕдыл арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты тыххӕй конкурс аргъӕвтой.

Цхинвалы схорзӕхджын кодтой геноциды фӕдыл конкурсы уӕлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнӕ историйӕ нӕй фидӕн: Цхинвалы схорзӕхджын кодтой геноциды фӕдыл конкурсы уӕлахиздзауты

"Конкурсы хайад райсыны бар ис астӕуккаг ахуыргӕнӕндӕтты ахуыргӕнинӕгтӕн, сӕ нымӕцы, 7-11 кълӕсты ахуырдзаутӕ, астӕуккаг профессионалон организациты студенттӕн, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕн", - бафтыдта Гӕджиты Анна.

Конкурсы куыстытӕ хъуамӕ ныффысса автор йӕхӕдӕг ӕмӕ хъуамӕ аккаг уой эссейы темӕйӕн.

Сфӕлдыстадон куыстытӕ бадӕттыны рӕстӕджы хъӕуы ныффыссын авторы тыххӕй информаци – ном, кар, кълас, скъолайы номыр, адрес ӕмӕ телефон. Тексттӕ гӕнӕн ис бавдисын куыд мыхуыры формӕйы, афтӕ къухӕй фыстӕй дӕр, бафтыдта Гӕджиты Анна.

Хайадисджытӕ цӕттӕ куыстытӕ хъуамӕ ӕрбахӕссой ахуырады министрадмӕ кӕнӕ та сӕ арвитой электронон посты уылты ацы адресмӕ: minobrruo@mail.ru.

Ног хабӕртты лентӕ
0