Цхинвалы бавнӕлдтой скъолатæ ног ахуыры азмæ цæттæ кæнынмæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бавнӕлдтой нывӕзтон цалцӕгмӕ ахуырадон азы райдайӕны размӕ
Цхинвалы бавнӕлдтой нывӕзтон цалцӕгмӕ ахуырадон азы райдайӕны размӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылаз сӕрдыгон каникулты рӕстӕджы столицӕйы скъолаты уадзынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Коммуналон кусджытӕ сбӕрӕг кӕнынц куыстыты фӕзуат ахуыргӕнӕндӕтты разамонджытимӕ

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ахуырадон азы райдайӕнмӕ Цхинвалы администрацийы цӕрӕнуатон-эксплуатацион конторӕ ауадздзӕн цалцӕггӕнӕн куыстытӕ столицӕйы ахуырады 25 объекты, фехъусын кодтой горӕты администрацийы.

Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывӕзтмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы сабидӕтты уагъд цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ

Ӕрвылаз сӕрдыгон каникулты рӕстӕджы столицӕйы скъолаты уадзынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Столицӕйы администрацийы минӕвӕрттӕ скъолаты директортимӕ иумӕ бӕрӕг кӕнынц ӕнӕмӕнг цалцӕггӕнӕн куыстыты фӕзуат, уый фӕстӕ саразынц куыстыты нывӕзт ӕмӕ сметон документаци.

"Аразджыты бригадӕтӕ кусдзысты горӕты 17 сабидоны ӕмӕ аст скъолайы. Объекттыл ауагътой демонтажон куыстытӕ, ацы этапыл кусджытӕ ныридӕгӕн бавнӕлдтой цалцӕгмӕ. Алкӕцы уагдоны дӕр хъӕуы ауадзын алыгъуызон куыстытӕ, уыдон баст сты ахуыргӕнӕндӕтты разамонджыты куырдиӕттимӕ", - банысан кодтой администрацийы.

Сабидӕтты та фылдӕр бӕрцӕй ивдзысты сантехникӕ.

"Цӕмӕй арӕзтадон ӕрмӕджыты цухдзинад ма уа, уый тыххӕй мах алцыдӕр развӕлгъау балхӕдтам. Паддзахадон арӕныл уавӕр нӕ бандавдзӕн куыстыты фӕуды ӕмгъуыдыл", - загъта цӕрӕнуатон-эксплуатацион конторӕйы хистӕр Хъотайты Алан.

Куыстыты архайынц цалдӕр бригадӕйы, уыдон иу рӕстӕг райдыдтой кусын цалдӕр объектыл. Куыстытӕ хъуамӕ фӕуой 20 августмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0