Бибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл
Бибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Бибылты Анатолий ауагъта рабадт Инвестицион нывӕзты реализацийы фарстыты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ӕрдомдта баххӕст кӕнын арӕзтады графиктӕ ӕмӕ рахизын Инвестицион нывӕзты реализацийы фӕдыл куыстыты нывӕзтон бӕрцуатмӕ.

"Арӕзтады фадыджы фӕурӕды фӕстӕ срӕвдз кодтой куыстытӕ. Уый фӕдыл фӕтыхджындӕр уыдзӕн хъусдард дӕр. Ныр хъӕуы хъус ӕрдарын дыууӕ хӕслӕвӕрдмӕ – куыстыты тагъддзинад ӕмӕ гъӕдмӕ", - фехъусын кодта президент инвестицион нывӕзты реализацийы фарстыты фӕдыл рабадтыл.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, нардуатон организацитӕн Арӕзтады министрады сӕргълӕудӕй кӕй хъӕуы хыгъдлӕвӕрд дӕттын куыстыты бӕрцуаты фӕдыл алкӕцы 10 боны.

Хуссар Иры Инвестицион нывӕзтыл ӕрдзырдтой президентимӕ онлайн-рабадтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Инвестицион нывӕзтыл ӕрдзырдтой президентимӕ онлайн-рабадтыл

"Сымах хъуамӕ аразат уӕ куысты нывӕзт ӕмӕ бавдисат хыгъдлӕвӕрд куыстыты фӕдыл алкӕцы дӕс боны. Уый зын аразӕн уыдзӕн, фӕлӕ ратдзӕн фӕстиуджытӕ", - фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, аст уынгыл, кӕцытӕ нывӕндынц саразын 2020 азы, хъуамӕ сӕвӕрой асфальт ӕмӕ сын сӕххӕст кӕной сӕ хӕрзарӕзтад 20 сентябры онг. Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард фидарӕй загъта, бӕрнон уагдӕттӕ иууылдӕр кӕй архайынц ацы уынгты хӕрзарӕзтадыл.

"Уынгтыл куыстытӕ балхынцъ уыдзысты 1 августмӕ ӕмӕ цӕттӕ уыдзысты асфальт ӕвӕрынмӕ", - банысан кодтой рабадтыл.

Афтӕ ма рабадты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой Уӕрӕсеимӕ арӕныл уадзӕн пункт "Рукъ"-ы уылты "СТМ-ЮГ"-ы автотранспорт уадзыныл – кӕцы у сӕйраг организаци инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты объекттыл.

Уымӕй дарддӕр арӕзтады министр радзырдта, куыстытӕ кӕй цӕуынц цхинвайлаг ӕртыккаг скъолайы дӕр - уым архайынц 15 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы ӕртӕ иуӕджы. Афтӕмӕй арӕзтады бӕрцуаты фылдӕр хай ӕххӕст кӕндзысты 2021 азы. Бибылты Анантолий бахӕс кодта сӕйраг хъусдард аздахын объектмӕ, цӕмӕй фидӕн азы 1 сентябрмӕ скъола уа цӕттӕ.

Рабадтыл ма ӕрдзырдтой Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтадыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0