Хуссар Иры ПАИ хистӕр фехъусын кодта 2020 азы авариты нымӕцы фӕфылдӕры аххосаг

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырисӕры республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады хатдзӕгтӕ скодтой 2020 азы фыццаг ӕхсӕз мӕйӕн. Уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь байхъуыста йӕ кусджыты хыгъдлӕвӕрдтӕм

ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл 2020 азы ӕхсӕз мӕймӕ чысыл фӕфылдӕр фӕндагон-транспортон цауты (ФТЦ) нымӕц фарон азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ, фӕлӕ уыцы рӕстӕгмӕ фӕкъаддӕр фехӕлдты нымӕц. Уый тыххӕй йӕ хыгъдлӕвӕрды радзырдта Паддзахадон автоинспекцийы (ПАИ) хистӕр, милицийы инӕлар-майор Джиоты Алан.

Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ сӕрдар саргъ кодта йӕ кусджыты архайдӕн COVID-19 ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тохы

МХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕхсӕз мӕймӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 71 ФТЦ – 18 аварийы цӕфтӕ райстой адӕм, фӕмард сты дыууӕ адӕймаджы.

"ФТЦ-ты нымӕцы фӕфылдӕр баст у уыимӕ, ӕмӕ хӕдтулгӕтӕ фылдӕр кӕнынц ӕрвылбон. Фӕндагон змӕлды фӕткхалджыты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл Паддзахадон автоинспекци арӕх уадзы рейдон мадзӕлттӕ МХМ ӕндӕр структурӕтимӕ иумӕ. Автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой 269 адӕймаджы, ӕртӕ шофыры фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ хӕдтулгӕ дыккаг хатт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - загъта Джиоты Алан.

Ӕндӕр службӕты хистӕрты хыгъдлӕвӕрдтӕм байхъусыны фӕстӕ мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь банысан кодта ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы куысты фиппаинӕгтӕ ӕмӕ бахӕс кодта фӕхуыздӕр кӕнын барадхъахъхъӕнӕг органты архайд.

Ног хабӕртты лентӕ
0