ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Йӕ цардӕй ахицӕн гуырахстджын зонадон куыст "Хуссар Ирыстоны Сырх чиныг"-ы автор, биолог ӕмӕ зынгӕ ахуыргонд Къӕбулты Зауыр Естатийы фырт.
Зынгӕ гоймаджы мӕлӕты тыххӕй йӕ фарсыл Facebook фехъусын кодта парламенты вице-спикер Гасситы Пётр.
Зындгонд ахуыргонд йӕ цардӕй ахицӕн Цӕгат Ирыстоны.
"Йе 'ввахс хӕстӕджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ, Къӕбулты Зауыры лӕггӕдтӕ райгуырӕн бӕстӕйы раз хынцгӕйӕ, коронавирусы пандемиийы фӕдыл сӕвзӕргӕ уавӕрты хатын Хуссар Ирыстоны президентмӕ, цӕмӕй номдзыд ахуыргонды мӕрдон буар йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕралсынӕн баххуыс кӕной", - ныффыста парламентарий.
Биологон зонӕдты кандидат Къӕбулты Зауыр фӕстаг ӕзты куыста Хуссары Ирыстоны паддзахадон университеты, уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕрдзӕвӕрӕны директоры хӕдивӕг. 2018 азы президент ахуыргонды схорзӕхджын кодта республикӕйӕ уӕлдӕр хорзӕх - "Кады орден"-ӕй.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕввахс рӕстӕджы ногӕй райдыдтой зӕронд коммуникацион хӕтӕлтӕ раивыны фӕдыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Республикӕйы ӕрвылаз Инвестпрограммӕйы хаххыл ивынц доны, канализацион ӕмӕ газы зӕронд хӕтӕлтӕ.
"Цхинвалы ацы аз нывӕндынц авд уынджы капиталон цалцӕг: Плехановы, Санахъоты Гришикы, Сабырады, Едысы ӕмӕ Саулохты Мухтары уынгтӕ. Афтӕ ма, сцалцӕг кӕндзысты Нарты уынджы алвӕндаг Плиты Ароны уынджы онг. Нырма раивдзысты зӕххы бын коммуникацитӕ, уый фӕстӕ та дзы сӕвӕрдзысты асфальт", - радзырдта Къацты Сослан.
Генералон нардуатон организацитӕ уыдзысты паддзахадон унитарон куыстуӕттӕ "Водоканал" ӕмӕ "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон".
Амӕйразмӕ "Водоканал"-ы хъусын кодтой, республикӕйы столицӕйы ныридӕгӕн кӕй раивтой зӕххы бын коммуникациты 70 проценты.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри сарӕзтой 95 иртӕсты коронавирус рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй 21 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Коронавирусон инфекцийӕ ног рынчынты нымӕц Хуссар Иры абон у 21 адӕймаджы, ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы та - 3081", - загъта уый.
Гаглойты Анна ма бафтыдта, цыппӕрӕмы райсоммӕ медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" кӕй рафыстой 14 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2591 онг. Медикты хъусдарды бын ма сты 490 рынчыны.
Хуссар Ирыстоны COVID-19 пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 18 661 тесты коронавирусы фӕдыл.
Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.