Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"
Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боны лагерь "Хуры тын" абон йӕ дуӕрттӕ сӕхгӕндзӕн иннӕ азмӕ. Ацы аз лагеры баулӕфыдысты ӕртӕсӕдӕйӕ фылдӕр скъоладзауы

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл боны лагерь балхынцъ кодта йӕ куыст. Абон скъоладзаутӕ иннӕ азмӕ хӕрзбон зӕгъдзысты сӕ хӕлӕрттӕн.

Лагерь байгом 13 июлы, фыццаг къорды уыд авд отряды - иумӕйагӕй 140 сывӕллоны. Дыккаг къорды уыд 9 отряды ӕмӕ дзы баулӕфыдысты 180 сабийы. Лагеры хайадисджытӕ иууылдӕр уыдысты скъолайон кары - 7-11-аздзыд сывӕллӕттӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"
Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"

Лагерӕн хӕрзбон зӕгъыны мадзалы рӕстӕджы фараст отряды дӕр радтой рапотрттӕ. Лагеры къухдариуӕгад банысан кодта, сывӕллӕттӕ иууылдӕр сӕхи кӕй равдыстой иттӕг хорз.

"Сымах стут иууыл хуыздӕр, зондджындӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр. Мах уӕ тынг уарзӕм. Ацы дыууӕ къуырийы дӕргъуы уӕхи афтӕ хорз равдыстат, ӕмӕ уӕ мах стӕм сӕрыстыр. Мӕ цӕст уын уарзы фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ахуыры. уымӕй дарддӕр ма ӕнӕмӕнг хъусут уӕ ныййарджытӕм", - загъта ахуырады министрады минӕвар ӕмӕ лагеры дыккаг къорды къухдариуӕггӕнӕг Джиоты Эльза.

Скъоладзаутӕ сӕ раздзогтимӕ иумӕ бацӕттӕ кодтой концерт. цы ран равдыстой сӕ курдиат зарын ӕмӕ кафынӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"
Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы йӕ куыст фӕцис скъоладзауты сӕрдыгон лагерь "Хуры тын"

Ацы аз коронавирусы пандемийы тыххæй лагеры баулæфыд æрмæстдæр дыууæ къорды æртæйы бæсты. Улæфджытæн уагъд æрцыдысты алыгъуызон культурон æмæ спортивон мадзæлттæ: кыв кæныны конкурстæ, асфальтыл ныв кæнын, шахматтæй ерыстæ, эстафетæтæ, экскурситæ æмæ æндæртæ. Лагерь сывæллæттæн у æнæаргъ, сорганизаци йæ кодта Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0