Стыр хайбавӕрд Хуссар Иры райрӕзтмӕ: Бибылты Анатолий аразджыты куысты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта арӕзтадон фадыджы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта сӕ бӕрнон ахаст куыстмӕ

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Аразджыты куыст ӕмӕ нырыккон скъуыддзӕгты руаджы хӕрзарӕзт цӕуы Хуссар Ирыстон ӕмӕ реализаци кӕнынц Инвестицион нывӕзт. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы арӕзтадон фадыджы кусджытӕн, кӕцытӕ абон нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент фехъусын кодта Инвестпрограммӕйы фӕдыл сӕйраг ориентир

"Сымах аразут уавӕртӕ цӕрджыты хӕрзвадат цардӕн ӕмӕ уымӕй хӕссут стыр хайбавӕрд Республикӕ Хуссар Ирыстоны райрӕзт ӕмӕ сӕндидзӕнмӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, аразджыты руаджы республикӕйы кӕй радтой эскплуатацимӕ социалон-экономикон ӕмӕ культурон-цардуагон объекттӕ, уагъд цӕуы егъау цӕрӕнуатон ӕмӕ сӕудӕджерадон арӕзтад, афтӕ ма ӕххӕст кӕнынц фӕндагон-транспортон инфраструктурӕйы райрӕзт ӕмӕ хӕрзарӕзтады фӕдыл куыстытӕ.

Президенты цӕст бауарзта аразджытӕн фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ сӕ куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0