Хуссар Иры аргъæвтой сывæллæтты цатырон лагерь

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры аргъæвтой сывæллæтты цатырон лагерь
Хуссар Иры аргъæвтой сывæллæтты цатырон лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццæджы лагерьмæ сæхи цы фæсивæд срæвдз кодтой, уыдонæн абон райсом фехъусын кодтой мадзал кæй аивтой.

ЦХИНВАЛ, 11 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны аргъæвтой сывæллæтты цатырон этнолагерь. Датæ бахъуыд фæивын къæвдайы фæстиуæгæн ифтонгад кæй ныххуылыдз, уый аххосагæй, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службæйы.

Дыццæджы лагерьмæ сæхи цы фæсивæд срæвдз кодтой, уыдонæн абон райсом фехъусын кодтой мадзал кæй аивтой.

"Цатырон лагерь æнæмæнг уыдзæн. Мадзал ныффæстиат ис къæвдайы æппæт ифтонгад кæй ныххуылыдз ис, уый аххосæй. Къуаисамæ хæстæг хъæу Начърепайы, цы ран хъуамæ уа мадзал,  ныр дæр уары къæвда. ", - загъта уагдоны пресс-секретарь.

Этнолагеры фӕсивӕды хъусдард аздахдзысты ирӕтты историон ӕмӕ культурон бынтӕм.

Хуссар Иры боны лагеры баулӕфдзысты 280 сывӕллоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боны лагеры баулӕфдзысты 280 сывӕллоны

Организатортӕ фӕхондзысты бынӕттон специалистты тренингтӕ ауадзынмæ, кӕцыты фӕрцы фӕсивӕд базондзӕн сӕ адӕмы истори, ӕвзаг, традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй.

Лагеры бынат зынгдгонд у йӕ сыгъдӕг уӕлдӕф ӕмӕ алыгъуызон аив бынӕттӕй. Хайад дзы райсдзысты 60 адӕймаджы, уыдон сты 14-17 азы кары сывӕллӕттӕ. Арæзт цæуы рӕзгӕ фӕлтӕры монон-фӕткон хъомылады фӕдыл паддзахадон программӕйы реализацийы фӕлгӕтты

Ног хабӕртты лентӕ
0