Фӕндӕгтӕ, рухс, дон: цӕуыл тыхсынц Хуссар Иры Знауыры районы арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕ

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ
Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнгӕрон хъӕутӕ бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий

ЦХИНВАЛ, 13 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ӕртӕ арӕнгӕрон хъӕуы цӕрджытӕ радзырдтой сӕ проблемӕты тыххӕй парламенты депутат Хъотайты Дмитрийӕн. Уый бабӕрӕг кодта ӕртӕ хъӕуы: Урсдур, Дидинджын ӕмӕ Суадӕттӕ, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Хъӕуы цӕрджытӕ фыццаг хъаст кодтой уынгтыл рухс кӕй нӕй, ууыл. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕддаг сырдтӕ нал тӕрсынц цӕуын хъӕутӕм хӕстӕг, ӕмӕ адӕм тӕрсынц изӕры ӕдтӕмӕ хизын.

Афтӕ ма ацы хъӕуты дӕр актуалон проблемӕ у нуазыны доны цухдзинад.

"Цӕрджыты ныхӕстӕй, суадӕтты фылдӕр хай бахус ис. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн уыдон банхъардтой скъахын цъайтӕ", - банысан кодтой пресс-службӕ.

Дидинджын ӕмӕ Суадӕтты хъӕуты цӕрджытӕ радзырдтой фӕндӕгты тыххӕй дӕр, кӕцытыл ацӕуӕн нӕ вӕййы къӕвдаджын бонты.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ
Фӕндӕгтӕ, рухс, дон: цӕуыл тыхсынц Хуссар Иры Знауыры районы арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ

Уымӕй дарддӕр Хъотайты Дмитрийӕ ракуырдтой баххуыс кӕнын аскъуыддзаг кӕнын цӕрӕнуатон проблемӕтӕ дӕр.

"Уӕлхӕдзар раивыны фӕдыл куырдиат бадӕтта хъӕуы карджын цӕрӕг Павел Сорокин. Хъотайты Дмитрий йын йӕ хӕдзар куы басгӕрста, уӕд банысан кодта, уӕлхадзарӕй дарддӕр дзы бирӕ цыдӕртӕ кӕй хъӕуы раивын. Депутат дзырд радта, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Ахӕм уавӕры сты бирӕсывӕллонджын бинонтӕ дӕр, кӕцытӕ цӕрынц Дидинджынты хъӕуы. Уыдонмӕ банхъардтой, цӕмӕй рацӕуой районон центрмӕ, фӕлӕ бинонты нӕ фӕнды ныууадзын райгуырӕн хъӕу, цы ран сын ис сӕхи хӕдзарад. Бинонты хицау радзырдта, ног хӕдзар кӕй нӕ домы, фӕлӕ разы уыдаид цӕрӕг вагон сын куы рахицӕн кодтаиккой.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ
Фӕндӕгтӕ, рухс, дон: цӕуыл тыхсынц Хуссар Иры Знауыры районы арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ

Ацы хъӕуы Хъуылымбегты бинонтӕн та ис ӕндӕр проблемӕ – Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕн уадзыны рӕстӕджы сӕ цӕхӕрадоны ӕрдӕг баззад арӕны иннӕ фарс. Уымӕй дарддӕр, уыдоны нӕ уадзынц сӕ цӕхӕрадонмӕ, кӕцы баззад Хуссар Ирыстоны территорийыл, уымӕн ӕмӕ уый ис арӕнгӕрон зонӕйы.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ
Фӕндӕгтӕ, рухс, дон: цӕуыл тыхсынц Хуссар Иры Знауыры районы арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Хъотайты Дмитрий фембӕлд Знауыры районы хъӕуты цӕрджытимӕ

Урсдур хъӕуы цӕрӕг хъаст кодта, йӕ бон кӕй нӕу бафснайын тыллӕг, уымӕн ӕмӕ районон центры комбайн нырма нӕ бахӕццӕ сӕ хъӕумӕ.

Хъотайты Дмитрий дзырд радта бахӕццӕ кӕнын хъӕуты цӕрджыты проблемӕтӕ республикӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй сӕ аскъуыддзаг кӕной. Афтӕ ма депутат банысан кодта, иу мӕйы фӕстӕ ногӕй кӕй фембӕлдзӕн хъӕуты цӕрджытимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0