ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Ленингоры цӕрджытӕн фадат нӕй ацӕуын республикӕйӕ хоскӕнынадмӕ ӕмӕ пенситӕ райсынмӕ пандемийы тыххӕй – уый у районы сӕйраг проблемӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламенты депутат, ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл комитеты сӕрдар Дриаты Заза.
Закондӕттӕг органы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй депутат бабӕрӕг кодта Ленингоры сабидон ӕмӕ рынчындон, афтӕ ма ӕрныхас кодта поселочы цӕрджытимӕ.
"Ленингоры районы ис бирӕ проблемон фарстытӕ, уыдон хъӕуы скъуыддзаг кӕнын. Адӕмы тыхсын кӕны фӕндаджы баконд, хиуӕттӕн фадат нӕй кӕрӕдзи уынын, пенсиисджытӕн та сӕ пенситӕ райсын. Ис дзы бирӕ рынчын адӕм, кӕцытӕн сӕ бон нӕу ацӕуын хоскӕнынадмӕ хӕстӕг республикӕмӕ. Мах сын баххуыс кӕнӕм Сырх Дзуары комитеты руаджы рацӕуын хоскӕнынад", - загъта Дриаты Заза.
Цӕрджытӕ хъазт кодтой хӕлцадон продуктты ӕргъты фӕфылдӕрыл, афтӕ ма газ ӕмӕ тыллӕг ӕфснайынӕн техникӕйы цухдзинадыл.
"Дыккаг проблемӕ у – студентты ацыд ахуырмӕ. Иу къорд ныридӕгӕн рауагътой, фӕлӕ ма дзы баззад цалдӕр адӕймаджы. Ӕз бадзурын парламенты сӕрдармӕ, ӕмӕ бӕстӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй сӕ хъус ӕрдарой Ленингоры районы проблемӕтӕм", - банысан кодта депутат.
Комитеты сӕрдар дзырд радта, кӕй базонгӕ кӕндзӕн цӕрджыты проблемӕтимӕ республикӕйы къухдариуӕгады ӕмӕ бафтыдта, ахӕм фембӕлдтӕ кӕй ацӕудзысты Ленингоры районы ӕндӕр цӕрӕг пунктты дӕр.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2021 азы бавналдзысты сывӕллӕтты стационарон лагеры арӕзтадмӕ, кӕцыйы уыдзӕн 150 бынаты. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Лагерь уыдзӕн Дзауы районы раздӕры турбазӕ "Мзиугом"-ы территорийыл.
"Лагеры уыдзысты алы уавӕртӕ дӕр улӕфынӕн. Йӕ территорийыл сараздзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ инфраструктурӕ", - банысан кодта министрады минӕвар.
Къацты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, арӕзтад цӕудзӕн дыууӕ этапы ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн 2022 азы, фӕлӕ генералон нардуатисӕджы нырма нӕ равзӕрстой.
Республикӕйы Ахуырады министрады стационарон лагеры арӕзтад нымайынц ахсджиаг къахдзӕфыл. Министрады хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады дӕлхайады хистӕр Джиоты Эльзайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нӕй базӕ сӕрдыгон улӕфтӕн сывӕллӕттӕн.
"Сывӕллӕттӕ раздӕр улӕфыдысты хъӕуты, ныр та афтӕ нӕу. Сабиты фылдӕр хай сӕрды баззайынц горӕты. Махӕн тынг ӕхсызгон у, кӕй нӕм фӕзындзӕн стационарон лагерь", - загъта Джиоты Эльза.
Ахуырады министрады минӕвар бахахх кодта, лагерь кӕй кусдзӕн сезонон каникулты рӕстӕджы, афтӕ ма йӕ нывӕндынц адих кӕнын фадгуытыл. Арӕзтад куыддӕр фӕуа, афтӕ Ахуырады министрады аскъуыддзаг кӕндзысты, цы фадгуытӕ дзы бакӕндзысты.