ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputni, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цалдæр минуты размæ банкъардтой дæлзæххон æнкъуыстытæ. Зæххæнкъуыст æрцыд 14.50 сахатмæ æввахс.
Хуссар Иры Уæлвæткон уавæрты министрады куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ уыдон адзырдтой сæ цæгатирыстойнаг коллегæтæм, цæмæй базоной, кæм уыд зæххæнкъуысты эпицентр.
Афтæ ма уагдоны минæвæрттæ дзурынц сæ районон дæлхайæдтæм æмæ бæрæг кæнынц, ис сæм æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ, æви нæ.
"Нырма нæм ницы информаци ис пырхытæ æмæ зианбаййафджыты тыххæй", - банысан кодтой УУМ.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕввахс рӕстӕджы ногӕй райдыдтой зӕронд коммуникацион хӕтӕлтӕ раивыны фӕдыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Республикӕйы ӕрвылаз Инвестпрограммӕйы хаххыл ивынц доны, канализацион ӕмӕ газы зӕронд хӕтӕлтӕ.
"Цхинвалы ацы аз нывӕндынц авд уынджы капиталон цалцӕг: Плехановы, Санахъоты Гришикы, Сабырады, Едысы ӕмӕ Саулохты Мухтары уынгтӕ. Афтӕ ма, сцалцӕг кӕндзысты Нарты уынджы алвӕндаг Плиты Ароны уынджы онг. Нырма раивдзысты зӕххы бын коммуникацитӕ, уый фӕстӕ та дзы сӕвӕрдзысты асфальт", - радзырдта Къацты Сослан.
Генералон нардуатон организацитӕ уыдзысты паддзахадон унитарон куыстуӕттӕ "Водоканал" ӕмӕ "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон".
Амӕйразмӕ "Водоканал"-ы хъусын кодтой, республикӕйы столицӕйы ныридӕгӕн кӕй раивтой зӕххы бын коммуникациты 70 проценты.
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри сарӕзтой 95 иртӕсты коронавирус рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй 21 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Коронавирусон инфекцийӕ ног рынчынты нымӕц Хуссар Иры абон у 21 адӕймаджы, ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы та - 3081", - загъта уый.
Гаглойты Анна ма бафтыдта, цыппӕрӕмы райсоммӕ медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" кӕй рафыстой 14 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2591 онг. Медикты хъусдарды бын ма сты 490 рынчыны.
Хуссар Ирыстоны COVID-19 пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 18 661 тесты коронавирусы фӕдыл.
Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.