Президент ӕрсидт Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады ӕмгъуыдтӕ баххӕст кӕнын

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
 Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 2020 азӕн социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг инвестицион программӕйы реализацийы ӕмгъуыдтыл ӕрдзырдтой оперативон штабы рабадтыл республикӕйы сӕргълӕууӕджы разамынадӕй

ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрсидт фӕтагъддӕр кӕнын арӕзтадон куыстыты темптӕ, кӕцытӕ ӕххӕст цӕуынц Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, уыимӕ иумӕ уый бахӕс кодта хъус дарын куыстыты гъӕдмӕ дӕр.

Арӕзтадон-ӕндидзынгӕнӕн куыстыты ӕмгъуыдтӕ фӕфӕстӕдӕр сты ӕппӕт дунейы, ӕмӕ уыимӕ иумӕ Хуссар Ирыстоны дӕр сӕвзӕргӕ уавӕры тыххӕй, банысан кодта президент майрӕмбоны 2020 азӕн Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл оперативон штабы рабадтыл.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент фехъусын кодта Инвестпрограммӕйы фӕдыл сӕйраг ориентир

"Цыдӕрридӕр ацы аз объекттӕ арӕзт цӕуынц, уыдон иууылдӕр сты социалон ӕмӕ сты тынг ахсджиаг нӕ республикӕйы адӕмӕн. Кӕд фӕстейӕ зайынц куыстытӕ, уӕд сӕ хъӕуы фӕтагъддӕр кӕнын. Финанскӕнынад дӕр баст у уӕхиуыл - цас тагъдӕр кусат, уыййас тагъддӕр цӕудзысты фӕрӕзтӕ дӕр", - загъта президент аразджытӕн.

Хуссар Ирыстонӕн социалон экономикон ӕххуыс бакӕнын фӕдыл Инвестпрограммӕ 2020-2022 ӕзтӕм сфидар кодтой ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтыл 2019 азы апрелы.

Ӕртӕазон программӕйы, кӕцыйы бюджет у 4,5 миллиард сомы, ис 52 мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты социалон объектты дарддӕры арӕзтадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0