Бынӕттон харбыз фӕзындзӕн Цхинвалы базары

© Sputnik / Фатима Плиева Знауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Столицӕйы базары уӕлтӕрхджыты уæй кæндзысты Знауыры районы быдырты ӕркӕнгӕ гагадыргъы тыллӕг

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хӕдзарад "Беко" ратдзӕн бынӕттон базармӕ харбызы тыллӕг августы кӕрон.

Фирмӕ "Беко" йæ быдыртæй хъавыд æркæнын 20-30 тонны гагадыргъ, фæлæ йæ фæндтæ чысыл фæкъуылымпы сты.

Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харбыз æмæ неси: Знауыры цæрæг æркодта 30 тонн тыллæг

"Ӕртӕ хатты ӕрластон Цхинвалы чысыл базармӕ мӕ гагадыргътӕ ацы аз. Нырма уыдаид сӕ тӕккӕ тыллӕгхӕсӕн рӕстӕг, фӕлӕ мын цӕхӕрадонмӕ батыдтой фос ӕмӕ фесӕфтой тыллӕг - 2 тоннӕйы бӕрц харбыз ӕнӕхъуаджы фӕцис. Ныр цадӕггай ӕндидзынц ӕмӕ августы кӕрон ног тыллӕг хъуамӕ ʻрласон горӕтмӕ", - загъта амалиуӕггӕнӕг Бекъойты Гела.

Бекъойты Гела йӕ амалиуӕгадӕн бындур ӕрӕвӕрдта цыппар азы размӕ, уый Сыбырӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ срӕвдз кодта харбыз зайыны куыст. Ацы аз ныссагъта къаддӕр быдыртæ - коронавирусы апарахат ма рауадзыны охыл тобӕтӕ фадат нӕ радтой фаг тауинаг æрласынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0