Ахорæнты фестиваль Цхинвалы аргъæвтой сентябрьмæ

Рафыссын
Цхинвалы театралон фæзуаты абон хъуамæ ацыдаид ахорæнты фестиваль "Арвырон" - мадзал ахæссыны аххосæгты тыххæй Sputnik радзырдтой горæты мэрияйы

ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Ахорæнты фестиваль "Арвырон", кæцы хъуамæ ацыдаид Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы, 25 августы, аргъæвтой сентябрьмæ, загъта Sputnik Цхиналы администрацийы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Мадзал аргъæвыны аххосаг ссис æвзæр боныгъæд, банысан кодтой мэрияйы.

"Организатортæ аскъуыддзаг кодтой мадзал ахæссын сентябры райдиантæм. Фестиваль хъуамæ уа хъарм боны, цæмæй бæрæгбон рацæуа ирд æмæ хъæлдзæг", - фехъусын кодта пресс-секретарь горæты культурæйы хайады гæс Тасойты Игоры ныххæстæ.

Бæрæгбонæн æнæмæнгхъæуæг ахорæнтæ ныридæгæн æрцыдысты æлхæд - уыдзысты аст хуызы. Уыдон сты æдас сабитæн æмæ æнцонæй цæуынц дарæсæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0