Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн арæныл тобæтæ адарддæр кодтой 15 сентябрьмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн арæн
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ бæстæйы хсæн арæны сæртыл сæрибарæй змæлд фæнд кæнынц сног кæнын сентябры æмбис

ЦХИНВАЛ, 31 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад райста уагæвæрд Уæрæсеимæ арæны сæртыл тобæтæ адарддæр кæныны фæдыл 15 сентябрьмæ, ацы датæйы фæстæ фæнд кæнынц арæны сæртыл сæрибарæй фæндагон змæлд бакæнын, хъусын кæны къуырисæры хицауады пресс-службæ.

Хуссар Ир райста COVID-19-æн сæдæ тест-системæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир райста COVID-19-æн сæдæ тест-системæйы

Рабадты рæстæджы Югосетпотребнадзоры хистæр Коцты Марина банысан кодта, тобæтæ ист æрцæудзысты 15 сентябры 2020 азы, уæдмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн арæны сæртыл фæндагон змæлд цæудзæн раздæрау арæнæвæрдон режимы.

Дзырд ма цыд, профилон службæтæ кусынц адæм æмæ уагдæттæн санитарон рекомендацитыл гом арæнты уавæртыл.

Уымæй размæ фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий коронавирусы ныхмæ тохы оперативон штабы рабадты рæстæджы фехъусын кодта, тобæтæ кæй хъæуы сиссын 15 сентябрæй. Паддзахады разамонæг бахæс кодта "æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй фæфылдæр кæной медикаментты гуырахст æмæ хардзы æрмæг, афтæ ма цæмæй цæттæ уой рынчынты исынмæ"

Президент бамбарын кодта, ацы æмгъуыд сæ архайд уæдмæ æрæмных кæндзысты Уæрæсейы фарсимæ, цæмæй иухуызон уавæртæ арæзт æрцæуа арæны сæртыл хизгæйæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмбæстæгтæн.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ивгъуыд суткӕйы коронавирусы фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ

Уыимæ иумæ ма уый банысан кодта, Уæрæсеимæ кæд бантыса бадзурын раздæр, уæд арæн конд æрцæудзæн 15 сентябрæй раздæр. Афтæ ма президент бафæдзæхста, коронавирусы инфекци куы апарахат уа, уæд республикæ раздæхдзæн раздæры тобæтæм.

Хуссар Ирыстоны дарддæр дæр архайы карантины режим, Уæрæсейæ æрцæуæггæгтæн. Уыдон нымæцмæ нæ хауы коронавирусæй чи уыд рынчын, уыдон.

Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн арæны сæртыл сæрибарæй змæлд æрæхгæдтой апрелы райдайæны.

Эпидемийы райдайæнæй Хуссар Иры рабæрæг кодтой 90 рынчыны коронавирусæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0