Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон

© Фото из архива Мераба ХодоваХуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Егъау кувæндон ныппырх кодтой советон дуджы динимæ тох куы расидтысты, уыцы рæстæджы, дзуары дурæй та спайда кодтой æндæр арæзтæдты

ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуан. Кувæндон ис Астæуккаг Ходы хъæуы.

Хъæуы цæрджытæ ацы сыгъдæг бынатмæ сæхи фæдзæхсынмæ цæуынц раг замантæй. Кувæндон пырх æрцыд советон дуджы.

"Хистæр адæмы мысинæгтæм гæсгæ, ам уыд егъау аргъуан, йе ʻддаг бакастæй уыд Къостайы хъæуы уæвæг Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны æнгæс. Фæлæ коммунистты дуджы аргъуан ныппырх кодтой æмæ йе 'рмæгæй сарæзтой скъæттæ. Фæстаг азты адæм сæхи фæдзæхсынмæ цыдысты аргъуаны кæлæнтæ цы бынаты сты, уырдæм", - загъта хъæуы хистæр Ходты Мераб.

Кувæндоны арæзтад цæуы ныр дыууæ мæйы бæрц, арæзтад бацахста 60 квадратон метры.

© Фото из архива Мераба ХодоваХуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
© Фото из архива Мераба ХодоваХуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6

3/6

4/6

5/6

© Из архива Мераба ХодоваХуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
1/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
2/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
3/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
4/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
5/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон
6/6
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон

"Хъæуы фæсивæд дзуары дур æрæмбырд кодта æмæ йæ нылласта аргъуаны цурмæ, уымæй амад цæуы кувæндоны цæсгомон хай. Алайнаг епархийы динамонæг, фыд Иаковы рекомендацимæ гæсгæ, ног аргъуан амайæм зæронд кувæндон кæлæнты цур", - бафтыдта хъæуы цæрæг.

Астæуккаг Ходы хъæуы цæрынц фылдæр бæрцæй Бекъойты æмæ Ходты мыггæгтæ, стæй ма Кокойтæ æмæ Къæбултæ.

Ортъеу  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ортъеуы хъæу: ног аргъуан æмæ фыццаг скъола

"Арæзтад цæуы нæхи тыхтæй, алы хæдзарæй дæр æрæмбырд кодтам фæйнæ æртæ мины – фылдæр адæмы къух нæ амоны. Стæй нын æххуыс кæнынц ацы хъæуæй ацæугæ адæм. Лохты Аслан, Бекъойты Хазби æмæ Ӕлборты Виталий баххуыс кодтой техника, арæзтадон æрмæг æмæ финансон æхххуысæй", - бафтыдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ма ацы хъæуы ис 17 хæдзары бæрц, фæлæ арæзтадмæ се ʻххуысы къух фæдаргъ кæнынц ацы хъæуæй ацæугæ адæм дæр – æрвыл улæфт бонты ам арæзтадыл кусынц дæс адæймаджы бæрц.

Кувæндоны банысан кæнынц Мад Майрæмы райгуырды бæрæгбон - 21 сентябры.

© Из архива Мераба ХодоваХуссар Иры Ходы хъæуы Мад Майрæмы кувæндон раздæры бынат
Хуссар Иры Ходы хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй æндидзын кæнынц Мад Майрæмы кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Ходы хъæуы Мад Майрæмы кувæндон раздæры бынат
Ног хабӕртты лентӕ
0