Цхинвалы сӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы Беслӕны трагедийы амӕттӕгты фӕдыл акциты рӕстӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афтӕ ма республикӕйы МХМ ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ма уадзой митингтӕ 1-ӕй 3-ӕм сентябрьмӕ

ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд Беслӕны скъолайы теракты амӕттӕгты фӕдыл мысӕн акцитӕ ауадзыны рӕстӕджы, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Цхинвалы Театралон фӕзуатыл абон райдыдтой цӕттӕ кӕнын акциты циклмӕ, ӕвӕрд цӕуынц декорацитӕ ӕмӕ инвентарь. 3 сентябры, 8.00 сахатӕй мадзӕлтты кӕронмӕ, сӕхгӕндзысты Театралон фӕзуат Сталины – Пушкины – Хетӕгкаты Къостайы – Тугъанты Махарбеджы – Тӕболты Сергейы уынгты алвӕндӕгтыл", - банысан кодтой уагдоны.

Афтӕ ма республикӕйы МХМ ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ма уадзой митингтӕ 1-ӕй 3-ӕм сентябрьмӕ.

Беслӕны трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ацӕудзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты фӕдыл мысӕн мадзӕлттӕ

Амӕй размӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зассеты Жанна радзырдта, столицӕйы кӕй ацӕудзысты акцитӕ "Плакал сентябрь кровавыми слезами". 1 сентябрӕй бирӕ скъолаты, библиотекӕты уагъд цӕуынц фембӕлдтӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц террористон актыл ӕмӕ дзы хи бахъахъхъӕнын куыд хъӕуы, ууыл. Ӕртыккӕгӕм сентябры Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ацӕудзӕн Бесланы теракты амӕттӕгты фӕдыл мысӕн акци.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0