Генералон прокуратурӕйы радзырдтой сæ сайты куысты згъуыдтыты тыххæй

© Генеральная прокуратура РЮОГенералон прокуратурӕй радзыртой сæ сайты куысты згъуыдтыты тыххæй
Генералон прокуратурӕй радзыртой сæ сайты куысты згъуыдтыты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццæджы прокуратурæ парламенты депутатты тыххæй уголовон хъуыддæгтæ куы ныммыхуыр кодтой сæ сайтыл, уый фæстæ уый йæ куыст æрурæдта, социалон хызæгты пайдагæнджытæ уый банымадтой зæрдæхсайгæйыл

ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы официалон сайт сног кодта йӕ куыст. Згъуыдтытӕ баст уыдысты техникон аххосӕгтимӕ, фехъусын кодта Sputnik Генералон прокуратурӕйы кусӕг Дзанайты Алена.

Дыццæджы прокуратурæ парламенты депутатты тыххæй уголовон хъуыддæгтæ куы ныммыхуыр кодта сæ сайтыл, уый фæстæ уый йæ куыст æрурæдта, социалон хызæгты пайдагæнджытæ уый банымадтой зæрдæхсайгæйыл.

"Сайт скуыста ӕртыццӕджы райсом 09:30 сахатыл. Йӕ куысты згъуыдтытӕ бӕттын нӕ хъӕуы политикон фарстытимӕ, уыд йын техникон аххосӕгтӕ. Проблема куы базыдтам, уӕд сайтмӕ йӕ хъус чи дары, уымӕн загътам ӕмӕ проблема иуварс ӕрцыд", - загъта Дзанайты Алена.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сайт нырма кӕронмӕ цӕттӕ нӕу, уымӕн фӕзыны йӕ куысты згъуыдтытӕ.

Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор дыццӕджы сарӕзта пресс-конференци, цы ран уый йӕ бынатӕй ацӕуыныл сразы ис, оппозицион парламентаритӕ дӕр кӕд сӕ депутатон мандаттӕ радтой, уӕд.

Официалон сайтыл ӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны митингты архайӕг политикон партиты уӕнгтӕ ӕмӕ депутаттӕ Плиты Александр, Санахъоты Дауыт, Гаглойты Алан ӕмӕ Медойты Дзамболаты ныхмӕ уголовон хъуыддӕгты баконды тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0