Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Карабах ӕмӕ Днестргӕроны адӕмӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы Днестргӕроны нысан кӕнынц сӕ сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы бон, Хӕххон Карабахы та нысан кӕнынц хӕдбардзинад расидыны 29-ӕм афӕдзы бон. Ацы бӕрӕгбонты фӕдыл республикӕты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодта РХИ президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий барвыста арфӕйы телтӕ Днестргӕроны сӕргълӕууӕг Вадим Красносельский ӕмӕ Хӕххон Карабахы разамонӕг Араик Арутюнянмӕ. Республикӕты 2 сентябры нысан кӕнынц паддзахадон бӕрӕгбонтӕ – Днестргӕроны сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы бон ӕмӕ Хӕххон Карабахы Республикӕ расидыны 29-ӕм афӕдзы бон.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны номӕй арфӕ кӕнын Арцахы адӕмӕн Хӕххон Карабахы Республикӕ расидыны 29-ӕм афӕдзы боны цытӕн. Арцахы паддзахадон суверенитет куы сӕндидзын кодтой, уӕд республикӕ сфидар кодта бӕстӕйы курс хӕдбардзинад ӕмӕ демократион райрӕзтмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Вадим Красосельскимӕ арфӕйы хуссарирыстойнаг лидер банысан кодта, абоны бон Днестргӕрон кӕй фидар кӕны йӕ позицитӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйы, райтынг кодта экономикӕ, аразы йӕ адӕмӕн аккаг сомбон.

Президенты цӕст бауарзта дыууӕ республикӕйы адӕмӕн сабырдзинад ӕмӕ хӕрзӕбон, сӕ лидертӕн та фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ сӕ куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0