"Алкӕцы адӕймаджы рыст": Цхинвалы мэр Беслӕны трагедийы фӕдыл мысӕн акциты тыххӕй

© Photo : Астемир ЧерткоевБеслӕны трагеди
Беслӕны трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы мэр Коцты Алан ӕрсидт Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй хайад райсой Беслӕны трагедийы амӕттӕгты фӕдыл мысӕн акциты

ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты мысӕн акцитӕ Беслӕны теракты амӕттӕгты фӕдыл, фехъусын кодта ПТРК "ИР" эфиры горӕт Цхинвалы администрацийы сӕрдар Коцты Алан.

"Ацы бонты мах мысӕм Беслӕны трагедийы амӕттӕгты. Уый у алкӕцы адӕймаджы рыст, сӕйраджыдӕр, ирон адӕмӕн", - загъта Коцты Алан.

Мэр ӕрсидт Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй хайад райсой ацы акциты ӕмӕ ма уадзой ӕндӕр массон мадзӕлттӕ ацы фыдохы бонты.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы Беслӕны трагедийы амӕттӕгты фӕдыл акциты рӕстӕджы

"Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ, сидын уӕм ацы фыдохы бонты уа уадзын ӕндӕр мадзӕлттӕ", - загъта уый.

Амӕй размӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зассеты Жанна радзырдта, столицӕйы кӕй ацӕудзысты акцитӕ "Плакал сентябрь кровавыми слезами". 1 сентябрӕй бирӕ скъолаты, библиотекӕты уагъд цӕуынц фембӕлдтӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц террористон актыл ӕмӕ дзы хи бахъахъхъӕнын куыд хъӕуы, ууыл. Ӕртыккӕгӕм сентябры Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ацӕудзӕн Бесланы теракты амӕттӕгты фӕдыл мысӕн акци.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0