Мӕскуыйы бафыстой барамынд уӕлӕмхасӕн электрондыхы хаххы фӕдыл Хуссар Ирӕн

© Пресс-служба посольства РЮО в РФМӕскуыйы бафыстой барамынд уӕлӕмхасӕн электрондыхы хаххы фӕдыл Хуссар Ирӕн
Мӕскуыйы бафыстой барамынд уӕлӕмхасӕн электрондыхы хаххы фӕдыл Хуссар Ирӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕй размӕ УФ премьер-министр Михаил Мишустин бафыста барамынд, цӕмӕй сфидар кӕной Хуссар Ирыстоны энергосистемӕ

ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварады Мӕскуыйы бафыстой барамынд республикӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауӕдты хсӕн Ручъы тоннелы районы электрондыхы хаххы технологон ӕрбаиу кӕныны фӕдыл.

Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Элентрондыхы хаххы арӕзтад санатори "Ныфс"-мӕ балхынцъ кӕндзысты фӕззӕджы

Амӕй размӕ ӕмбӕлон барамынд бафыста УФ премьер-министр Михаил Мишустин. Уӕлӕмхасӕн электрондыхы хахх сфидар кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны энергосистемӕ.

Документ бафыстой ӕртыццӕджы, 2 сентябры, РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ УФ энергетикӕйы министры хӕдивӕг Евгений Грабчак, фехъусын кодтой республикӕйы дипминӕварады пресс-службӕйы.

"Бадзырды бафыст уыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны профилон уагдӕтты пайдаджын куысты фӕстиуӕг ацы зын фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн барадон базӕ саразыны фӕдыл, кӕцыйы инициатор уыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгады ӕмархайдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Медойты Дмитрий радзырдта Sputnik, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн бадзырд кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн республикӕйы ӕмбӕстӕгты бирӕазон проблемӕ.

Фарон сентябры фехъусын кодтой, Ручъы тоннелы уылты электрондыхы ног хахх кӕй райдайдзысты аразын 2020 азы. "Россети"-йы сӕргълӕууӕг Павел Ливинский куыд банысан кодта, афтӕмӕй проекты инвестицитӕ уыдзысты 1,33 миллиард сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0