Ахуырады министрад снысан кодта педагогон конференцийы датæ

© Sputnik / Ада Багиан7 лет спустя
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылазон мадзал ацы аз ацæудзæн фæстæдæр æмæ къуындæгдæр форматы – къаддæр уыдзæн хуынд делегатты нымæц æмæ докладты рæстæг

ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад снысан кодта ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы датæ. Ахуыры азы райдайæны агъоммæ традицион фембæлд нывæндынц ауадзын 8 сентябры, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

"Педагогон конференци фæнд кæнынц ауадзын 8 сентябры чысыл къуындæгдæр форматы – къаддæр уыдзæн хуынд делегатты нымæц æмæ сæ докладты рæстæг. Министрады разамынад æрдзурдзæн ацæугæ ахуыры азы хатдзæгтыл æмæ æрбалæугæйы нывæзтытыл", - загъта уагдоны пресс-секретарь Плиты Яна.
Битеты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ нӕ хъӕуы дистанцион ахуыр: Дзауы районы скъолаты цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ

Ахуыргæнджыты конференци хъуамæ ацыдаид 31 августы , фæлæ йæ фæфæстæдæр кодтой республикæйы сæвзæргæ уавæр хынцгæйæ.

Уый банысан кодта, министры хæстæ æххæстгæнæг ма йæ доклады æрдзурдзæн монон-фæткæвæрдон нывæзт куыд цæуы æххæст æмæ цы мадзæлттæ ауагътой ацæугæ ахуыры азы,ууыл.

Конференци "Воспитание и качество образования — национальная цель и стратегическая задача" ацæудзæн парламенты стыр залы.

Ахуыры аз Хуссар Ирыстоны райдайдзæн 5 сентябры, скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт бахиздзысты 663 сабийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0