ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады Советы сӕрдары хӕдивӕг Рашид Нургалиев ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрныхас кодтой телефонӕй, кӕцыйы рӕстӕджы дзырд цыд республикӕйы уавӕрыл, хъусын кӕны РИА Новости.
Баныхасы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Нургалиев банысан кодта, уавӕр кӕй ис хицауады хъусдарды бын.
"Иууыл сӕйрагдӕр у ӕмӕ уавӕр ис президенты хъусдарды бын, ӕмӕ фарстытӕ иууылдӕр скъуыддзаг цӕуынц кусӕгон фембӕлдты ӕмвӕзадыл", - банысан кодта Ӕдасдзинады Советы сӕрдары хӕдивӕг.
Афтӕ ма уый банысан кодта, Хуссар Ирыстонмӕ йӕ балцы фарстыл дзырд кӕй цӕудзӕн уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕны сӕртыл хизыныл тобӕ куы сисой, уый фӕстӕ.
"Арӕн куы бакӕной, уӕд аскъуыддзаг кӕндзыстӕм фарст, цӕмӕй ӕрцӕуӕм республикӕмӕ ӕмӕ ноджы иу хатт ӕркӕсӕм процесстӕм, кӕцытӕ цӕуынц республикӕйы", - бафтыдта Рашид Нурглалиев.
Ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.
Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Уыцы бон Цхинвалы ацыд митинг, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2021 азы бавналдзысты сывӕллӕтты стационарон лагеры арӕзтадмӕ, кӕцыйы уыдзӕн 150 бынаты. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Лагерь уыдзӕн Дзауы районы раздӕры турбазӕ "Мзиугом"-ы территорийыл.
"Лагеры уыдзысты алы уавӕртӕ дӕр улӕфынӕн. Йӕ территорийыл сараздзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ инфраструктурӕ", - банысан кодта министрады минӕвар.
Къацты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, арӕзтад цӕудзӕн дыууӕ этапы ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн 2022 азы, фӕлӕ генералон нардуатисӕджы нырма нӕ равзӕрстой.
Республикӕйы Ахуырады министрады стационарон лагеры арӕзтад нымайынц ахсджиаг къахдзӕфыл. Министрады хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады дӕлхайады хистӕр Джиоты Эльзайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нӕй базӕ сӕрдыгон улӕфтӕн сывӕллӕттӕн.
"Сывӕллӕттӕ раздӕр улӕфыдысты хъӕуты, ныр та афтӕ нӕу. Сабиты фылдӕр хай сӕрды баззайынц горӕты. Махӕн тынг ӕхсызгон у, кӕй нӕм фӕзындзӕн стационарон лагерь", - загъта Джиоты Эльза.
Ахуырады министрады минӕвар бахахх кодта, лагерь кӕй кусдзӕн сезонон каникулты рӕстӕджы, афтӕ ма йӕ нывӕндынц адих кӕнын фадгуытыл. Арӕзтад куыддӕр фӕуа, афтӕ Ахуырады министрады аскъуыддзаг кӕндзысты, цы фадгуытӕ дзы бакӕндзысты.