Боксер Хуссар Ирӕй хайад райсдзӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты

Рафыссын
Ерысты фыццаг тохтӕ райдайдзысты къуырисӕры, турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уӕлахиздзаутӕн ратдзысты "УФ спорты мастеры" ном

ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Хуссарирыстойнаг боксер Бекъойты Азӕмӕт хайад райсдзӕн ССРЦ Адӕмон артист, УФ фӕллойады Хъайтар, РХИ Адӕмон артист Иосиф Кобзоны номыл Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты, кӕцытӕ ацӕудзысты Одинцовойы.

Хуссар Иры равзаргæ боксертæн ацыд рæвдзытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæтыхджындæр сты: Хуссар Иры равзаргæ боксертæн ацыд рæвдзытæ

Турниры уӕлахиздзаутӕн ратдзысты спортивон ном "Уӕрӕсейы спорты мастер", хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Бестауты Чермены 19-аздзыд хъомылгӕнинаг архайдзӕн +91 кг уӕзы категорийы. Ирон боксер ныридӕгӕн ис Одинцовойы – ерысты фыццаг тохтӕ райдайдзысты къуырисӕры.

"Ерыстӕм нӕ фӕхуыдтой дӕс бон раздӕр сӕ райдайӕнӕй. Уый размӕ цӕттӕ кодтам Уӕрӕсейы Кубокмӕ, фӕлӕ нын нӕ бантыст уырдӕм ацӕуын. Уый фӕдыл мӕ бон у зӕгъын, Бекъойты Азӕмӕт кӕй ис хорз физикон формӕйы", - банысан кодта спортсмены тренер.

Уый бафтыдта, сентябры дыккаг хай боксерӕн кӕй ацӕудзысты ахсджиаг ерыстӕ – ЦКФЗ фыццагад 1998-2001 азты гуырд спортсменты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0