Югосетпотребнадзор: Хуссар Иры нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 90 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдон иууылдӕр сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны 8 сентябры ауагътой 28 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый банысан кодта, коронавирусӕй ног рынчынты кӕй не сбӕрӕг кодтой.

"Карантины сты 63 ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстонӕй. Уыдон сты республикӕйы медицинон уагдӕтты ӕмӕ уазӕгдон"Алан"-ы", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтой 5158 басгӕрсты коронавирусы фӕдыл. Фӕстаг тесттӕ сарӕзтой 8 сентябры, сӕ фӕстиуджытӕ бӕрӕг уыдзысты цыппӕрӕмы.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0