Цхинвалы срæвдз кодтой Дзабиты Иналы мæлæт рæстагæй басгарыны фæдыл акци

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы срæвдз кодтой Дзабиты Иналы мæлæт рæстагæй басгарыны фарс акци
Цхинвалы срæвдз кодтой Дзабиты Иналы мæлæт рæстагæй басгарыны фарс акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы социалон хызӕг Facebook бынӕттон сегменты апарахат ис сӕйраг къамы рамкӕ, кӕцыйы уӕлфыстӕй пайдагӕнджытӕ домынц Дзабиты Иналы мӕлӕты цау бӕстонӕй басгарын

ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Социалон хызӕг Facebook- ы срӕвдз ис Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты рӕстагӕй раиртасыны фӕдыл акци. Пайдагӕнджытӕ сӕ хъуыды ӕвдисынц Пӕррӕстаты Ланайы арӕзт рамкайы руаджы.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент банхъардта саразын парламентон къамис Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдагуырды фӕдыл

Ӕртыццӕджы социалон хызӕг Facebook бынӕттон сегменты апарахат ис сӕйраг къамы рамкӕ, кӕцыйы уӕлфыстӕй пайдагӕнджытӕ домынц Дзабиты Иналы мӕлӕты цау бӕстонӕй басгарын. Уайтагъд лентӕйы сарӕх сты ацы рамкӕтӕ. Уый у журналист ӕмӕ нывгӕнӕг-дизайнер Пӕррӕстаты Ланайы радон куыст ирон адӕмы геноцидӕн нывонд рамкӕйы фӕстӕ. Чызг бæстон хъусдард дары Дзабиты Инал мæлæты æмæ Цхуырбаты Николай æмæ Хъуылымбегты Герсаны фæнæмыны хъуыддагмæ. ДИФ æмæ йæхи сæрмагод фарсыл фыссы сæ æнæниздзинады проблематæтыл.

Дзабиты Иналы мæлæты зæрдæ æхсайгæ адæмы æрурæдтой – прокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзабиты Иналы мæлæты зæрдæхсайгæ адæмы æрурæдтой – прокуратурæ

"Рамкæ сарӕзтон мӕхи фӕндонӕй знон. Цасӕй дзы спайда кодтой, уый мӕ бон сбӕрӕг кӕнын нӕу, ӕрмӕст мӕ цӕст дарын лентӕмӕ. Хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ политиктӕ дзы кӕй спайда кодтой, уымæн стыр нысаниуӕг ис",- загъта Sputnik Пӕррӕстаты Лана.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цас фылдӕр хъусдард уа ацы темӕмæ, уый бӕрц рӕстагдӕрӕй сгӕрст ӕрцӕудзӕн хъуыддаг.

"Ӕхсӕнады хъусдард цас фылдӕр уа ацы хъуыддагмæ, уый бӕрц рӕстагдӕр уыдзӕн йӕ хатдзӕг ӕмӕ азымджынтӕ рцӕудзысты ӕфхӕрд. Сæхӕдӕг цы ӕууӕлтӕй пайда кодтой, уый ӕнгӕс нӕ, фӕлӕ куыд ӕмбӕлы афтӕ",- бафтыдта уый.

Уый ма бафиппайдта, ӕхсӕнад фидар куыннӕ фӕлӕууа, уӕд ацы хъуыддаг дӕр сфӕлхат кӕндзӕн Цкъаты Владимиры хъуыддаджы хъысмӕт.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ. Фæстæдæр уагдон фехъусын кодта, ацы хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæм - криминалон милицийы аст кусæджы - рæстæгмæ æрцахстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0