Фидар ӕмгуыстад: Медойты Дмитрий Хуссар Ир ӕмӕ УФ хсӕн дипахастыты афӕдзы боны тыххӕй

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæМедойты Дмитрий ӕмӕ Сергей Лавров
Медойты Дмитрий ӕмӕ Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы, 9 сентябры, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныныл сӕххӕст 12 азы

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Медойты Дмитрий раарфӕ кодта Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕг Сергей Лавровӕн дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныныл 12 азы сӕххӕсты фӕдыл.

Арфӕйы дзырдӕуы, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе цыбыр ӕмгъуыдмӕ кӕй райтынг кодтой ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ, афтӕ ма сарӕзтой ӕмгуыстады фидар традицитӕ.

"Политикон диалогы стыр ӕмвӕзад, базарадон-экономикон ӕмӕ культурон-гуманитарон ӕмгуыстад сты фидар бындур нӕ бӕстӕты ӕмархайдӕн", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов дӕр барвыста арфӕйы тел афӕдзы боны цытӕн РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгмӕ. Минӕвар банысан кодта, 2008 азӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн кӕй ис тсыр ӕнтыстытӕ.

Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0