Хуссар Иры дыууæ кинонывы бацыдысты æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт"-ы шорт-листмæ

© SputnikДокументалон кинонывты премьерæтæ
Документалон кинонывты премьерæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестивалæн хатдзæгтæ скæндзысты мæйы кæрон. Мадзалы ис 150 конкурсон куысты, канд Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг бæстæтæй дæр

ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны национ киностуди "Allonfilm"-ы дыууæ документалон кинонывы бацыдысты æфсæддон-патриотикон кинонывты æмæ алæвæрдты X-æм æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт"-ы шорт-листмæ, фехъусын кодта Sputnik киностудийы хистæр Мамиты Григорий.

Уымæй размæ фестивалы архайгæйæ Хуссар Иры минæвæрттæ райстой сæрмагонд приз "Хуыздæр сценарий", уæд бавдыстой аивадон-документалон киноныв "IRON VANDEE".

"Бавдыстам дыууæ кинонывы "Фарастæй иумæ" æмæ "Пари со смертью", уыдон конкурсон программæйы раразмæгонд æрцыдысты куыд "Хуыздæр документалон кино" æмæ "Хуыздæр режиссерон куыст", - загъта Мамиты Григорий.

Фестивалы фысымтæ нæ сæхæдæг фæхуыдтой. Дыууæ киноныв дæр сты хъайтардзинадыл, фæлæ дзы иу у хæстон киноныв, аннæ фылдæр таурæгъ кæны адæймаджы хъысмæтыл", - загъта Мамиты Григорий.

Фильмӕй кадртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Геноциды 100 азмӕ: Хуссар Иры бавдисдзысты документалон киноныв

Йæ ныхæстæм гæсгæ фестиваль хъуамæ ацыдаид майы, фæлæ коронавирусы пандемийы тыххæй ныффæстиат ис.

"Фестивалæн хатдзæгтæ скæндзысты мæйы кæрон. Мадзалы ис 150 конкурсон куысты, канд Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг бæстæтæй дæр",- бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны национ киностуди "Allonfilm"-ы куыст "Фарастæй иумæ" таурæгъ кæны ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уырысы æххуысы рцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады.

Кинонывы центры сты зынгхуыст хъайтартӕ - хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера), кӕцытӕ фæмард сты уыцы тохы.

Киностудийы фыццаг фильм "Пари со смертью" ист у Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Иналы уæззау хъысмæтыл. Уый Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл. Уый бахызта Цхинвал цалдӕр терактӕй, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст.

Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй сæрмагонд службæтæ спырх кодтой Иналы хӕдтулгӕ 2008 азы марты. Ӕвзонг лæппу террористон акты фæстиуæгæн фесæфта йæ дыууæ къахы дæр, райста уæззау цæфтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0