Хъæлдзæг æмæ рухсадон "Барс": куыд ацыд фæсивæдон форум Хуссар Иры

© Sputnik / Natalia Airiyan куыд ацыд фæсивæдон фембæлд Хуссар Иры
куыд ацыд фæсивæдон фембæлд Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ХИПУ егъау делегаци æмæ Хуссар Иры дзырдæугæ адæм дзырдтой Хуссар Иры ног историйы тыххæй, интернеты æппæрццаг æндæвдадыл æмæ хицæн фадгуыты цымыдисон фæзындтыл

ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны раззагон фæсивæды иу къорды къуырийы дæргъы зонгæ кодтой Хуссар Ирыстоны ног истори, культурæ æмæ æрдзимæ, афтæ ма сæ æрцахуыр кодтой дисциплинæйыл форум "Барс"-ы фæлгæтты, фехъусын кодта Sputnik мазалы организатор Харебаты Батрадз.

Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуыдаргомы йæ куыст райдыдта фæсивæдон форум "Алания 2020"

Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы Начърепамæ хæстæг фендтаг бынаты балхынцъ кодта йæ куыст фæсивæдон форум "Барс". Мадзал цыд 25 августæй 1 сентябрьмæ. Фæсивæдон форум бантыст ауадзын социалон проектты уæрæсейаг конкурсы грантон фæрæзтæй. Форум ауадзыны фæдыл проект конкурсмæ бадæттыны хъæппæрис фыццаг фæзынд Фæсивæдон комитеты дзæнæттаг кусæг Плиты Андреймæ, йæ хъуыды йын сæххæст кодтой йæ æмгæрттæ - Харебаты Батрадз æмæ Тедеты Азæмæт, уыдон ссисты форум "Барс"-ы фысымтæ.

"Фылдæр бæрцæй уыдысты скъоладзаутæ, аннæ хай уыдысты студенттæ. ХИПУ егъау делегаци æмæ Хуссар Иры дзырддзæугæ адæм дзырдтой Хуссар Иры ног историйы тыххæй, интернеты æппæрццаг æндæвдадыл æмæ хицæн фадгуыты цымыдисон фæзындтыл. Театралон аивад тыххæй раздзырдта режиссер Дзудцаты Тамерлан, ректор Тедеты Вадим базонгæ кодта йæ дæлбар ахуырадон уагдоны сæвзæрдимæ. Иууыл тынгдæр фæсивæд фæцин кодтой ХИПУ-йы сфæлдыстадон къорды бацыдыл æмæ арты цур зарджытыл", - загъта Харебаты Батрадз.

Форумы архайджытæн уыд хъæзныг экскурсион нывæзт дæр, фæсивæд бабарæг кодтой уыцы комы фендтаг бынæттæ.

"Гид Карсанты Гурамимæ ацыдысты Морехмæ æмæ Къуыдары лæгæттæм. Телеамонæг Габайты Владимир та сын радзырдта нæ бæстæйы зайæгойтæ æмæ цæрæгойтыл", - бафтыдта Харебаты Батрадз.

Форумы фысымтæ фæнд кодтой мадзал саразын æхсæнадæмон форматы, фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй нæ бантыст райсын фæсарæйнаг архайджыты. Мадзал саразынæн æмархайд кодтой фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитет, финансон æххуыс бакодта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0