Нывӕндӕм бирӕазон ӕмархайд: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Дмитрий Медведевӕн юбилейы цытӕн

© Sputnik / Екатерина Штукина /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг Дмитрий Медведев
Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг Дмитрий Медведев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырисӕры 55 азы сӕххӕст УФ Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг, Уӕрӕсейы раздӕры президентыл, кӕцыйы рӕстӕджы бафыстой барамынд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 14 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг Дмитрий Медведевӕн йӕ 55 азы юбилейы цытӕн.

Йӕ арфӕйы телы президент банысан кодта, Медведевы номимӕ Хуссар Ирыстоны баст кӕй у республикӕйы иууыл ахсджиагдӕр моменттӕй сӕ иу.

"Дӕ номимӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы хъуыдыйы баст сты Уӕрӕсейы архӕйдтытӕ Гуырдзыстоны сабырдзинадмӕ ӕркӕныны фӕдыл 2008 азы, уый фӕрцы фервӕзын кодтой мингай адӕмы", - фехъусын кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президент загъта бузныг Дмитрий Медведевӕн республикӕйӕн ӕххуысы тыххӕй.

"Уырын мӕ, Дӕ фӕлтӕрддзинад паддзахадон архайды дарддӕр дӕр кӕй службӕ кӕндзӕн Уӕрӕсейӕн, нывӕндӕм бирӕазон архайд Демӕ нӕ дыууӕ бӕстӕйы хӕрзӕбонӕн", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0