Къуайса банысан кӕндзӕн Горӕты бон бӕрӕгбонон концертӕй

Рафыссын
Ацы аз Къуайса ӕртындӕсӕм хатт банысан кӕндзӕн горӕты бон. Бӕрӕгбоны уыдзӕн стыр концерт

ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Гӕбӕраты Элина. Горӕты бон Къуайсайы банысан кӕндзысты бӕрӕгбонон концертӕй, фехъусын кодта Sputnik горӕты мэр Бӕззаты Геннадий. Уый банысан кодта, активонӕй кӕй уадзынц цӕттӕкӕнынад концертмӕ.

Горӕт Къуайсайы бон снысан кодтой 2007 азы 16 сентябры, уӕд Хуссар Ирыстоны президент бафыста барамынд поселокӕн ног административон статус раттыны фӕдыл.

"Репетицитӕ уагъд цӕуынц Культурӕйы хӕдзары. Бавдисдзысты хореографион ӕмӕ вокалон номыртӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Цхинвалӕй артисттӕм дӕр", - банысан кодта Бӕззаты Геннадий.

Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайады хистӕр Тасойты Игорь куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй столицӕйы артисттӕ балӕвар кӕндзысты ӕвӕрццаг ӕнкъарӕнтӕ Къуайсайы цӕрджытӕн.

Тасойты Игорь бахахх кодта, сфӕлдыстадон къорды сконды кӕй ацӕудзысты номдзыд артисттӕ – Багаты Шота, Дыгъуызты Сабина ӕмӕ ӕндӕр ӕвзонг ӕххӕстгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0