Нырма æнæ радтæй. Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ
Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæм сæрибарæй цæуынц Цæгат Ирыстонмæ - 15 сентябрæй хуымæтæг режимы кусы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн паддзахадон арæн

ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн паддзахадон арæныл змæлд цæуы хуымæтæг режимы – æппæт тобæтæ дæр ист æрцыдысты. ПӔК-ы Sputnik загътой, дысон æхсæвæй фæстæмæ æмбæстæгтæ сæрибарæй кæй цæуынц.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ
Нырма æнæ радтæй. Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ

Дыууæ бæстæйы хсæн арæны сæртыл тобæтæ фæзынд 13 апрелæй, фæлæ уый адæмы алкæцы категоритæм нæ хауд. 10 маййæ арæн бынтондæр сæхгæдтой. Йæ райгуырæн бæстæмæ чи здæхт, уыдонæн æнæмæнг уыд дыууæ къуыри карантин.

Sputnik уацхæссæг бабæрæг кодта уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг". Адæм арæны сæртыл цæуынц фæстæмæ карантины агъоммæ куыд цыдысты афтæ. Уæрæсемæ чи цæуы, уыдонæн барынц сæ температурæ. Арæныл ахизынæн бирæ рæстæг нæ хъæуы – хæдтулгæтæ бирæ нæ лæууынц радты.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уæрæсемæ чи цæуы, уыдонæн барынц сæ температурæ
Нырма æнæ радтæй. Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсемæ чи цæуы, уыдонæн барынц сæ температурæ

Хуссар Ирыстон цæрæг Алик радзырдта, рагæй йæ уыд хъуыддаг Цæгат Ирыстоны, фæлæ йæ балц æргъæвта карантины тыххæй.

"Тагъд хъавын æрыздæхынмæ, уæд та фæндаг ногæй сæхгæдтой. Æз æнхъæлдтон, ам стыр радтæ уыдзæн ,уый тыххæй ныффæстиат кодтон мæ балц", - загъта Sputnik бæлццон.

Уыимæ иумæ рейсон автобусты цыд дæр сног ис Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы хсæн.

Хуссар Ирыстоны ссӕрибар кодтой карантинӕй адӕмы иууылдӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ссӕрибар кодтой карантинӕй адӕмы иууылдӕр - Югосетпотребнадзор

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 13 апрелы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ цалдӕр хатт адарддӕр кодтой – фӕстаг хатт августы кӕронмӕ. Республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Фӕстӕдӕр изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 90 фӕрынчынуӕвӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0