Паддзахадон символикӕйы сахат, парад ӕмӕ салют: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры бӕрӕгбон

© Sputnik / Наталья АйриянЦытджын хъарагъул
Цытджын хъарагъул - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ расидыны 30 афӕдзы бон ӕмӕ Паддзахадон тырысайы боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ райдайдзысты 17 сентябры ӕмӕ фӕуыдзысты хуыцаубоны, 20 сентябры

ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты республикӕ расидыны 30 афӕдзы бонӕн ӕмӕ Паддзахадон тырысайы бонӕн, кӕцы нысан кӕнынц 19 сентябры.

Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй мадзӕлттӕ райдайдзысты цыппӕрӕмы, 17 сентябры.

"Республикӕйы ацӕудзӕн паддзахадон символикӕйы сахат "Славой овеяны флаг и герб". Афтӕ ма цыппӕрӕмы горӕты сӕвӕрдзысты баннертӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Уымӕй дарддӕр, 18 сентябры ПККЗ "Чермен"-ы ацӕудзӕн ӕхсӕнады минӕвӕртты бӕрӕгбонон ӕмбырд. Паддзахадон тырысайы бон, сабаты, видеораныхасимӕ ралӕудзӕн адӕмы раз президент Бибылты Анатолий. Уыцы бон административон бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ цӕрӕг хӕдзӕрттӕ сфӕлындзысты республикӕйы тырысатӕй.

Цхинвалы ацӕудзӕн турнир ленк кӕнынӕй Республикӕйы боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацӕудзӕн турнир ленк кӕнынӕй Республикӕйы боны цытӕн

Республикӕйы бон Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ацӕудзӕн ӕфсӕддон парад, цы ран хайад райсдзысты Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, ПӔК Арӕнгӕрон службӕ, УУМ, юстицийы министрад ӕмӕ уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы парадон къордтӕ. Афтӕ ма фыццаг хатт парады хайад райсдзысты Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады Ӕӕфсӕддонтӕ республикӕйы хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гассеты Ибрагимы ӕрхуындӕй.

Парады фӕстӕ Хуссар Ирыстоны Национ музейы ацӕудзӕн поэтикон марафон "Свой слог я посвящаю тебе, Отчизна".

Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ балхынцъ уыдзысты фейерверкӕй.

Хуссар Ирыстоны ацы аз нысан кӕны республикӕйы сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы бон. 1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕ Советон Цӕдисы сконды. Ацы скъуыддзаг ссис фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0