Цæй тыххæй? Хуссар Иры президент сдзуапп кодта генпрокуроры отставкæйы тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Президенты пресс-конференци
Президенты пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта парламенты куырдиатæн дзуапп кæй арвыста парламентмæ Дзæгъиаты Уырызмæджы йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, ныридæгæн Дзæгъиаты Уырызмæджы йæ бынатæй ссæрибар кæнынæн кæй нæй бындур. Отставкæйы тыххæй генпрокуроры ныхмæ хъуамæ конд уа уголовон хъуыддаг, баххах кодта йæ пресс-конференцийы рæстæджы президент.

Президент раразмæ кодта Хуссар Ирыстоны премьеры кандидатурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент раразмæ кодта Хуссар Ирыстоны премьеры кандидатурæ

Дзæгъиаты Уырызмæджы йæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй домæн раразмæ кодтой Цхинвалы митинджы рæстæджы, кæцы ацыд Дзабиты Иналы мæлæты фæстæ. Фæстæдæр отставкæйы домæнимæ президентмæ бахатыдысты 25 депутаты.

Быбылты Анатолий банысан кодта, уый йæ дзуапп кæй арвыста закондæттæг органмæ.

"Орден Уацамогæйы кавалертимæ фембæлды рæстæджы дæр уыдон банхъардтой Дзæгъиаты Уырызмæджы йæ бынатæй ссæрибар кæнын. Цæмæй йæ сисон, уый тыххæй йыл хъуамæ конд уа уголовон хъуыддаг. Цæй тыххæй йæ сисон? Ацы фарстæн дзуапп нæй", - фехъусын кодта уый.

Президент банысан кодта йæ дзуаппы парламентаритæн уый йæ архайдта схуыдта антиконституционтæ æмæ не сразы ис ультиматумтæ æххæст кæныныл. Паддзахады разамонæг бахахх кодта, Дзæгъиаты Уырызмæг хъуамæ йæ куыст равдиса Дзабиты Иналы мæлæт басгарыны хъуыддаджы.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ. Фæстæдæр уагдон фехъусын кодта, ацы хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæм - криминалон милицийы аст кусæджы - рæстæгмæ æрцахстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0