Нывӕзтмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы администрацийы радзырдтой столицӕйы уынгты хӕрзарӕзтады тыххӕй

© Sputnik / Элина ГабараеваГафезы уынг
Гафезы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы кӕртыты хӕрзарӕзтад цӕуы этаптӕм гӕсгӕ – ацы аз коммуналон кусджытӕ сцалцӕг кӕндзысты кӕртытӕ ӕртӕ уынгыл

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Азы кӕронмӕ столицӕйы къухдариуӕгад фӕуыдзӕн дыууын кӕртӕй фылдӕры хӕрзарӕзтад Цхинвалы, фехъусын кодта  Sputnik горӕты администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

"Ныридӕгӕн сцалцӕг кодтой авд кӕрты Вокзалгӕрон ӕмӕ Фидауынгӕнджыты уынгты районы. Раивтой зӕххы бын коммуникацитӕ, сӕвӕрдтой асфальт. Ацы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты цӕрджытӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты цалцӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ ныккӕндтӕ арӕх йедзаг кодтой донӕй. Ныр уым ӕххӕст кӕнынц зӕлдфӕлындӕн куыстытӕ", - загъта Коцты Зӕринӕ.

Уый банысан кодта, столицӕйы администрацийы ЦКХ тыхтӕй кӕй цалцӕг кӕнынц кӕртытӕ Гафезы уынгыл дӕр.

Бибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий банысан кодта сӕйраг нысӕнттӕ Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтады фӕдыл

"Азы кӕронмӕ уым сцалцӕг кӕндзысты дыууадӕс кӕрты. Куыстыты фылдӕр хай балхынцъ кодтой, тагъд рӕстӕджы та кусджытӕ райдайдзысты ӕвӕрын асфальт. Афтӕ ма коммуналон кусджытӕ тагъд рӕстӕджы бавналдзысты куыстытӕм Джиоты Аланы проспектыл", - банысан кодта уый.

Коцты Зӕринӕ бахахх кодта, куыстытӕ кӕй нывӕндынц балхынцъ кӕнын ацы азы кӕронмӕ, фидӕн аз та райдайдзысты кусын горӕты ӕндӕр микрорайонты.

Ног хабӕртты лентӕ
0