Куыстыты фӕстаг этап: Цхинвалы кӕрон ӕрцӕудзӕн нуазыны доны цухдзинадӕн

© Sputnik / Элина ГабараеваДонуадзæн
Донуадзæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Донуадзæн ныридæгæн иу у горæты доны хызæгтæм, фæлæ нырма æххæст хъомысадæй нæ кусы - резервуартæ йедзаг кæнынц дыууæ-æртæ къуыримæ

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны донуадзæн Уанат - Цхинвлы арæзтад. Куыстытӕ цыдысты дыууæ этапæй.

Ахсджиаг проект æххæст цæуы 2019-2020 азты РХИ-йы социалон-экономикоен рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæлгæтты. Куыстытæ æххæст кæны арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад "СТМ-ЮГ".

Фыццаг рады арæзт æрцыдысты дыууæ резервуары, кæцыты цæуы 3,5 мин кубикон метры дон. Уымæй дарддæр ма горæтмæ рауагъдæуыд донуадзæн хахх. Ныр та куыст цæуы донæмбырдгæнæны арæзтадыл æмæ технологион ифтонггæрзтæ монтаж кæныныл.

Арæзтадон фадыджы хистæр Гуырцъыты Эльбрус куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд азы æххæст æрцыдысты сæйрагдæр куыстытæ.

"Уанаты хъæуæй Цхинвалмæ уагъд æрцыд магистралон донуадзæн, кæцыйæн йæ дæргъ у 15 километры. Присы хъæумæ хæстæг та сарæзтой дыууæ резервуары. Донуадзæн ныридæгæн иу у горæты доны хызæгтæм, фæлæ нырма æххæст хъомысадæй нæ кусы. Резервуартæ йедзаг кæнынц дыууæ-æртæ къуыримæ", - банысан кодта уый.

Специалисты ныхӕстӕм гӕсгӕ, проектон хъомысадмæ донуадзæн рахиздзæн, донæмбырдгæнæны капиталон сцалцæг кæныны, дренажон системæ саразыны, санитарон хъахъхъæнæн зонæ æрбæстон кæнын æмæ технологион ифтонггæрзтæ самал æмæ смонтаж кæныны фæстæ.

Дыккаг этапы куыстытæм арæзтадон компанийы кусджытæ хъуамæ æрывнæлдтаиккой уалдзæджы, фæлæ коронавирусон инфекцийы пандемийы аххосæй афæстиат сты.

"Объекты ныртæккæ цæуынц развæлгъау куыстытæ донуадзæны алыварс ссыгъдæг кæныны фæдыл. Ам æрвылбон дæр кусынц 10 адæймагæй фылдæр æмæ æртæ иуæджы уæззау техникæ. Уыдон нырма фаг сты, фæлæ куыстыты гуырахст куыд фылдæр кæна, афтæ кусджыты нымæц дæр фылдæр кæндзæн", - загъта Гуырцъыты Эльбрус.

Уый ныфс бавæрдта, сæ хæс сфидаргонд æмгъуыдтæм кæй сæххæст кæндзысты ӕмæ ног азы райдианы донуадзæн хахх æххæст хъомысадæй кæй райдайдзæн кусын.

Уанаты донуадзæн суткæйы дæргъы дæтдзæн 15 мин кубикон метры дон. Горæт та иста 20 мин кубикон метры. Афтæмæй горæт райдайдзæн исын суткæйы дæргъы 35 кубикон метры нуазыны дон. Уый фаг уыдзæн горæты цæрджыты æнæкъуылымпыйæ донæй ифтонг кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0