ЦХИНВАЛ, 1 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Сӕридтаты хъӕумӕ арӕзт цӕуы фӕндаг, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.
Сæридтаты комы ивгъуыд æнусы цард 14 хъæуы, ныр ам æрфысым сты хъæддаг сырдтæ. Ӕрмæст ма Дауджыты кувæн къуырийы æдзæрæг хъæутæм æрæмбырд вæййынц Багаты мыггаджы минæвæрттæ Ирыстоны цæгатæй æмæ хуссарæй.
"Хъӕу федзӕрӕг, фӕлӕ ацы комӕй рацӕугӕ адӕм здӕхынц сӕ фыды уӕзгуытӕм. Мыггӕгты минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд вӕййынц динон бӕрӕгбонты. Цалдӕр хатты бахатыдысты районы разамынадмӕ ӕмӕ ныр Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад бавнӕлдта фӕндагарӕзтадмӕ", - загъта Тедеты Лиана.
Ацы комæй рацæугæ Багаты Марат дæр радзырдта Sputnik, адæм хъæумæ фæстæмæ кæй здæхынц.
"Фæстаг цæрæг ацы ком ныууагъта ивгъуд æнусы (1999 азы). Уæдæй нырмæ ам цæрæг нал ис. Фæндаджы арæзтдæй нын ныфс куы радтой, уæд æртæ бинонтæ райдыдтой цæттæ кæнын бынат хæдзары арæзтадæн. Адæм здæхынц. Фæндаг куы балыг кæной, уæд та фæнд кæнæм бахатын рухсы хахх бауадзыны фæдыл "Энергоресурс" æмæ районы разамынадмæ", - загъта Багаты Марат.
Хуссар Ирыстоны ма æрмæст ацы комы бахъахъхъæдтой ирон бæгæныйы рецепт æмæ йæ дзуары бонмæ æрвыл аз саразынц фыдæлты рецептмæ гæсгæ.
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ацæудзæн фыццаг æхсæнадæмон сфæлдыстадон форум æвзонг адæмæн, фехъусын кодта фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-конференцийы рæстæджы.
Мадзалы ма дзырд цыд Хуссар Иры волонтерты куыстыл, фæсивæды хайадистыл республикæйы æхсæнадон царды, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты фæсивæдимæ æмгуыстадыл.
"Форум уыдзæн æхсæнадæмон. Нæ чызджытæ æмæ лæппутæ базонгæ уыдзысты Цæгат Кавказы республикæты æмæ чизоны æндæр бæтæты курдиатджын сфæлдыстадон фæсивæдимæ. Бирæ ирæттæ цæрынц Ирыстоны æддейæ æмæ мах фæнд кæнæм уыдон æрхонын дæр", - радзырдта Гатыгкоты Валентинæ.
Уый баххах кодта, ацы мадзал кæй уыдзæн пайдаджын, уымæн æмæ бынæттон фæсивæдæн нæй бирæ фадаттæ сæ курдиат æвдисынæн.
Форумы уазджыты нымæц нырма дырысæй бæрæг нæу, уымæн æмæ уый комкоммæ баст у финанскæнынадимæ, балхынцъ кодта комитеты сæрдары хæдивæг.
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы митуарды аххосӕй горӕт Къуайса ӕмӕ ӕввахс хъӕуты фӕндӕгтӕ бамбӕрзта мит.
Къуайсайы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) хистӕр Хуыгаты Алан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй Къуайсайы ӕруарыд 30 сантиметры бӕрц мит, хъӕуты та ӕруарыд 60 сантиметры бӕрц. Ныртӕккӕ ЦКХ кусджытӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй.
"Мах ӕрбаздахтам ӕппӕт техникӕ мит ссыгъдӕг кӕнынмӕ. Кусджытӕ ныридӕгӕн ссыгъдӕг кодтой фӕндӕгтӕ Киров, Надарваз, Замтарет, Ӕхсарджын, Хӕрдысӕр, Гулиантӕ ӕмӕ Кӕсагджыны хъӕуы", - загъта Хуыгаты Алан.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕндӕгтӕ горӕт Къуайсайы ныридӕгӕн ссыгъдӕг кодтой. Афтӕ ма фӕндӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзысты Кърозы хъӕуы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуайсайы ЦКХ арвыста техникӕ хӕххон курорт Цъонмӕ дӕр, кӕцы бакӕндзысты 23 январы.
Ацы аз январы зындгонд ирон поэт, æхсæнадон архайæг, публицист Дзуццаты Хадзы-Муратыл сыххæст уыдаид 86 азы. Кокойты Тарзан куыд загъта, уымæ гæсгæ Хаджийы сфæлдыстад ирон поэзийы æмæ культурæйы уыд уникалон фæзынд.
"Скъола каст куы фæци, уæд йæхи тыхтæй æмæ хъæппæрисæй радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ уый дæр каст фæци сырх дипломыл", - загъта Тарзан.
Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, Хадзы-Мурат йæ сфæлдыстадæй æнустæм фыст æрцыд ирон поэзийы хæзнадоны, фæлæ иууыл диссагдæр уыд йе 'мбæстагон позици.
"Хаджи хаудта 60-æм азы поэттæм, ахуыр кодта Евгений Евтушенкоимæ æмæ йæхимæ райста уыцы дуджы арф нысаниуджытæ", - банысан кодта Кокойты Тарзан.
Тарзан ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Дзуццаты Хадзы-Мурат удыхъæдæй уыд æфсæрмдзæстыг æмæ хуымæтæг адæймаг, фæлæ дзы мидæгæй сыгъд арт.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.