ЦХИНВАЛ, 5 окт – Sputnik, Козаты Диана. Литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы ног сезоны фӕзынд уырыссаг ӕвзагыл номинаци, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.
Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ" сарӕзтӕуыд 2016 азы ирон ӕвзаджы популяризацийы нысаниуӕгӕн. Премийы лауреаттӕ свӕййынц ӕвзонг фыссджытӕ, кӕцытӕ фыссынц ирон ӕвзагыл ӕмӕ хӕссынц сӕ хайбавӕрд ирон культурӕ ӕмӕ литературӕйы райрӕзтмӕ.
Ацы аз Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы ӕмӕ "Стройцентр" расидтысты Ӕхсӕнадӕмон литературон премийы фӕндзӕм сезон.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у премийы райрӕзты закономерон этап. Хуссар Ирыстон историкон ӕгъдауӕй у уырыссаг дунейы хай. Ахуырад скъолаты куыд ССРЦ рӕстӕджы, афтӕ абоны бон дӕр цӕуы уырыссаг ӕвзагыл", - загъта Гасситы Знауыр.
Минӕвар бахахх кодта, уырыссаг номинаци бакӕнын у хорз цӕвиттон ССРЦ раздӕры республикӕтӕн.
Уацмысты автортæ кæм цæрынц æмæ уацмыстæ кæм рацыдысты мыхуыры, уымæн преми ницы арæнтæ æвæры, конкурсы хайад райсыны бар та ис алкӕмӕндӕр 14 азӕй 41 азы кары онг.
Ирон номинацийы фыццаг премийы бæрц у 60 000 сомы бæрц, дыккаг премии – 40 000 сомы, æртыккаг та – 30 000 сомы.
"Уырыссаг" преми дӕттынц иу номинацийы 60 000 сомы бӕрц.
ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕвзонг каратисттӕ Хуссар Ирыстонӕй равдыстой иттӕг хорз фӕстиуджытӕ РЦИ-Аланийы чемпионат ӕмӕ фыццагады, уыдон рамбылдтой дыууадӕс майданы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созайты Владимир.
Уый банысан кодта, ерысты нысан уыд сбӕрӕг кӕнын хъуыздӕр каратистты ӕмӕ саразын командӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 2-5 апрелы Орелы.
"Дудайты Донна ӕмӕ Тедеты Анна рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ, Тадтаты Софья ӕмӕ Джиджджойты Анна – ӕвзист майдантӕ, Гаглойты Диана райста бронзӕ", - загъта Созайты Владимир.
Тренер банысан кодта, спортсментӕ сӕхи хорз кӕй равдыстой ӕмӕ ныр бахызтысты РЦИ-Аланийы командӕмӕ.
"Афтӕ ма сӕхи хорз равдыстой дебютанттӕ дӕр: Цыбырты Анастасия ӕмӕ Лалыты Джер бацахстой фыццаг бынӕттӕ, Цыдугъты Милана ӕмӕ Куыридтаты Даниил та ацыдысты дыккаг бынӕттыл. Ортъаты хотӕ Аланӕ ӕмӕ Диана та сӕ кары къордты райстой бронзӕйон майдантӕ", - радзырдта журналисттӕн тренер.
Ӕппӕтстилон каратэйӕ ерысты цыдысты 25-27 февралы Цӕгат Ирыстоны Октябры хъӕуы.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвал-Дзау фӕндаджы цыппӕрӕм километрыл, раздӕры хъӕу Чъехы цур ссыгъд хус кӕрдӕг, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсоны ӕххуысгӕнӕг Хъодалаты Руслан.
"Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой. Архайдта дзы иу зынгфӕдисон къорд", - загъта уый.
Радгӕсоны ӕххуысгӕнӕг банысан кодта, зынгсирвӕзт ӕрцыд уӕлвӕзыл. Уый сарӕзта зындзинӕдтӕ УУМ сӕрмагонд техникӕйӕн, фӕлӕ арты фӕзуат стыр нӕ уыд, ӕмӕ йӕ уайтагъд ахуыссын кодтой.