Кусгæ, пандемимæ æнæкæсгæйæ: Джиоты Мурæт Женеваг дискусситы раунды аивды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женеваг дускусситы радон раунд уагъд не рцыд коронавирусы тыххæй. 51-æм раунд хъуамæ ацыдаид нырма марты, фæлæ цалдæр делегацийы бон не ссис æрцæуын

ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Женеваг Дискусситы радон раунд, кæцы хъуамæ ацыдаид 6-7 октябры, ахастой коронавирусы пандемийы тыххæй, фехъусын кодта Sputnik президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Раздæр Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментаритæ сарæзтой гуырдзыстойнаг фарсы информацийæн, кæцытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, фембæлд нæ ахыд Уæрæсейы аххосæй.

"Раст зæгъгæйæ, 51-æм фембæлд хъуамæ ацыдаид марты, фæлæ æппæт дунейы пандемиимæ уавæр хынцгæйæ, ацы аз фембæлд ауадзыны фадат нæ фæцис, уымæн æмæ делегациты бон не ссис ныццæуын Женевæмæ. Ахæм аххосаджы тыххæй раунд ивд æцыд октябры дæр. Ам аххосджын кæнын никæй хъæуы, аххосджын у коронавирусимæ уавæр æппæт дунейы", - загъта Джиоты Мурæт.

Уый ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг делегаци 2020 азы цалдæр хатты ауагъта видеоконференцитæ Женеваг дискусситы æмсæрдæрттимæ.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: Оконайаг триптих хъуамæ æрхæццæ уа Ирыстонмæ

"Мах нымайæм, сæвзæргæ уавæрты дæр кæй хъæуы кусын алы амæлттæй дæр, пандемимæ æнæкæсгæйæ. Хуссарирыстойнаг делегаци цæттæ у куыстмæ", - бафтыдта æххæстбарджын минæвар.

Джиоты Мурæт бахахх кодта, зæгъгæ, кæд ацы аз фадат фæуа, уæд æнæмæнг ауадздзысты фембæлд, науæд та хуссарирыстойнаг делегаци æнхъарыконференцитæ онлайн форматы.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0