Цхинвалы фӕбӕрӕг сты "Сыгъзӕрин кӕсаджы" уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЛенк кӕныны турнир
Ленк кӕныны турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спорты Галуан "Олимп"-ы ерыстӕ цыдысты брассы стилы ӕртӕ дистанцимӕ – 25, 50 ӕмӕ 100 метрмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортивон комплекс "Олимп"-ы балхынцъ ис ленк кӕныны ерыстӕ "Сыгъзӕрин кӕсаг"-ы ӕртыккаг этап, хъусын кӕны республикӕйы Ленк кӕныны федераци.

Турнир ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацӕудзӕн турнир ленк кӕнынӕй "Сыгъзӕрин кӕсаг"

Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кодтой уӕлахиздзауты: 2011 азы гуырд спортсменты хсӕн 25 метры дистанцимӕ рамбылдтой Уалыты Валерия ӕмӕ Лалыты Арсен, 2010 азы гуырд спортсменты хсӕн та 50 метры дистанцимӕ фыццаг бынӕттӕ бацахстой Уалыты Даяна ӕмӕ Уалыты Александр.

Афтӕ ма сӕ кары къордты уӕлахиздзаутӕ ссисты: Къӕбулты Нина ӕмӕ Лягин Никита (50 метров, 2009 азы гуырд), Тыджыты Диана ӕмӕ Тасойты Арсен (100 метров, 2008 азы гуырд), Тедеты Сабина ӕмӕ Уалыты Владимир (100 метров, 2007 азы гуырд), Бикъойты Анастасия ӕмӕ Хетӕгкаты Инал (100 метров, 2006 азы гуырд).

Турниры организатортӕ уыдысты Спорты галуан "Олимп" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0