Хуссар Иры коронавирус бахӕцыд ноджы фараст адӕймагыл – "Югосетпотребнадзор"

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæТест
Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон сентябры фондзмӕйон карантины фӕстӕ Уӕрӕсеимӕ йӕ арӕн куы бакодта, уӕдӕй нырмӕ республикӕйы рабӕрӕг коронавирусӕй 215 рынчыны, пандемийы райдианӕй та ӕдӕппӕт 305

ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирус рабӕрӕг ис ноджы фараст адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Уый адыл эпидемийы райдианӕй коронавирусӕй рынчынты нымӕй республикӕйы схызт 305 онг.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй амард сылгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй амард сылгоймаг

"Фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтам 99 тесты, уыдонӕй фараст равдыстой низы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Бон раздӕр ма сӕйраг санитарон дохтыр фехъусын кодта республикон скъолатӕ иууылдӕр дыууӕкъуырион карантил сӕхгӕныны тыххӕй дӕр.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг къуыри скарз ис коронавирусимӕ уавӕр. Ивгъуыд къуыри рабӕрӕг, коронавирусӕй кӕй фӕрынчын сты президент ӕмӕ хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, афтӕ ма хицауады уӕнгтӕй дӕр чидӕртӕ. Уыдон рахызтысты куысты сӕрмагонд режиммӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0