Хуссар Иры ноджы иу адӕймаг амард коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Самарин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ноджы иу адӕймаг амард коронавирусӕй
Хуссар Иры ноджы иу адӕймаг амард коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карджын лӕг уыд уӕззау уавӕры, коронавирусы тыххӕй йын фӕзынд дыууӕварсон пневмони

ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны амард ноджы иу рынчын коронавирусӕй, хъусын кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад.

Амӕй размӕ COVID-19-ӕй амард 88-аздзыд сылгоймаг.

"84-аздзыд нӕлгоймагӕн низ цыд уӕззау формӕйы. Коронавирусы тыххӕй йын фӕзынд дыууӕварсон пневмони", - загътой уагдоны.

Амӕй размӕ Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной маскӕты режим ӕмӕ профилактикӕйы мадзӕлттӕ, афтӕ ма сӕхи хизой массон ӕмбырдтӕй.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг къуыри зынгӕ февзӕрдӕр коронавирусимӕ уавӕр. Сентябры ӕмбисӕй медиктӕ сбӕрӕг кодтой дыууӕ сӕдӕ рынчынӕй фылдӕр. Иумӕйагӕй пандемийы райдайӕнӕй Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын сты 305 адӕймаджы. Ивгъуыд майрӕмбоны рабӕрӕг ис, коронавирусӕй кӕй фӕрынчын сты президент ӕмӕ хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0