Ног маршрут: Хуссар Иры альпинисттӕ схиздзысты Хъӕдласӕны хохмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Ерман
Ерман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорд ивгъуыд къуыри та ӕрыздӕхт Бурхохӕй, Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр ӕфцӕгыл кувӕндоны бафӕдзӕхстой республикӕйы цӕрджыты коронавирусы апарахаты дуджы

ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны альпинистты къорд схиздзӕн Дзауы районы Хъӕдласӕны хохы бӕрзӕндмӕ, фехъусын кодта Sputnik балцгӕнджытӕй иу Багаты Марат.

Цхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къостайы ном ссарын ӕмӕ Ир бафӕдзӕхсын: цхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ

Къорд ивгъуыд къуыри та ӕрыздӕхт Бурхохӕй, Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр ӕфцӕгыл кувӕндоны бафӕдзӕхстой республикӕйы цӕрджыты коронавирусы апарахаты дуджы. 

"Хъӕдласӕн хохмӕ никуыма схызтыстӕм, нымад цӕуы зынвадатыл. Ис Ерманы хъӕуы сӕрмӕ галиу фарс. Нӕ нывӕзтмӕ гӕсгӕ хъуамӕ афӕндараст уӕм майрӕмбоны ӕмӕ хуыцаубоны фӕстӕмӕ сӕмбӕлӕм нӕ хӕдзӕрттыл.  Йӕ бӕрзӕндыл ӕрсадздзыстӕм ирон тырыса", - загъта Марат.

Альпинист банысан кодта, Хъӕдласӕнмӕ уӕлӕмӕ сцыд кӕй ахсы ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс, фӕстӕмӕ та - цыппар.

Ног хабӕртты лентӕ
0