Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой дыууынӕй фылдӕр рынчыны коронавирусӕй 

© REUTERS / LISI NIESNERКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 362 рынчыны коронавирусӕй. Ныртӕккӕ инфекцион хайады ис 47 адӕймаджы, сывӕллӕтты рынчындоны та 65 пациенты коронавирусы диагнозимӕ

ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы 25 рынчыны, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

COVID-19-имӕ уавӕр республикӕйы февзӕрдӕр ис сентябры ӕмбисӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ низ бахӕцыд 272 адӕймагыл.

"Лабораторон басгӕрстты фӕстиуӕгӕн рабӕрӕг кодтам ноджы 25 рынчыны коронавирусӕй", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инфекцион хайады ис 47 адӕймаджы, сывӕллӕтты рынчындоны та хоскӕнынад цӕуынц 65 пациенты коронавирусы диагнозимӕ.

Уӕрӕсейы ӕфсӕддон-быдырон госпиталь коронавирусӕй рынчынтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ракуырдта Уӕрӕсейӕ ӕфсӕддон-быдырон госпиталь коронавирусӕй рынчынтӕн

Уый банысан кодта, республикӕйы кӕй уыд тесттӕ ауадзынӕн хардзгӕнӕн ӕрмӕджытимӕ проблемӕ.

"Махмӕ нал уыд хардзгӕнӕн ӕрмӕджыты иу хуыз. Абон уыдон ӕрласдзысты", - бафтыдта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

Республикӕйы карантиныл сӕхгӕдтой скъолатӕ, цалдӕр сабидоны, колледж, музыкалон ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ ХИПУ. Ахӕм скъуыддзаг рахастой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй, афтӕ ма сезонон грипп ӕмӕ КРВИ-йӕ рынчынты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0