Хуссар Иры разысгӕрсты кусынц ӕцӕг профессионалтӕ: президент раарфӕ кодта ӔРС кусджытӕн

© Пресс-служба президента РЮОПрезиденты фембӕлд ӔРС кусджытимӕ
Президенты фембӕлд ӔРС кусджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Ӕддагон разысгӕрсты службӕйы равзӕрдыл абон сӕххӕст 17 азы. Бӕрӕгбоны цытӕн ӔРС кусджытӕн раарфӕ кодта президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕддагон разысгӕрсты службӕ хъахъхъӕны республикӕйы националон интерестӕ, бӕстӕйы суверенитет ӕмӕ территориалон нӕхъӕндзинад. Уыцы куысты сӕрмагонд службӕйы минӕвӕрттӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ къухдариуӕгады ӕууӕнк, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы ӔРС кусджытӕн, кӕцытӕ майрӕмбоны нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, хуссарирыстойнаг разысгӕрсты рӕнхъыты кӕй кусынц ӕцӕг патриоттӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц ӕмбӕстӕгты сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад.

"Сымах цы информаци самал кӕнут, уый свӕййы республикӕйы ӕддагон политикӕйы фарстыты стратегион скъуыддзӕгты бындур", - банысан кодта уый йӕ арфӕйы.

Бибылты Анатолий загъта бузныг ӔРС кусджытӕн цӕсгомджын куысты тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс, сӕ профессионализмы фӕрцы уыдон дарддӕр дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ разы лӕууӕг хӕстӕ республикӕйы сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0