Коронавирусы пандеми къуылымпы кӕны Хуссар Иры паспортон-визæйон службæйы куыст - МХМ

© Sputnik / Алексей КовалевПаспортон-визæйон службæ
Паспортон-визæйон службæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паспортон-визæйон службæйы кусджыты фылдæр хай  сты рынчын æмæ сæ бон нæу сæ службæйон хæстæ æххæст кæнын, банысан кодтой мидхъуыддӕты министрады пресс-службӕйы

ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik, Дриаты Лейла. Коронавирусы пандемии ӕппӕрццаг ивындзинӕдтӕ бахаста Хуссар Ирыстоны паспортон-визæйон службæйы архайдмӕ, фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы сæргълæууæг Бестауты Вида.

Уый банысан кодта, паспортон-визæйон службæйы кусджыты фылдæр хай кӕй сты рынчын æмæ сæ бон нæу сæ службæйон хæстæ æххæст кæнын. Уый фæстиуæгæн цæрджытæн фадат нæй рæстæгыл сæ гæххæттытæ райсынæн æмæ хъаст кæнынц.

"Кусджытæй бирæтæн рабæрæг ис COVID-19 æмæ ныртæккæ сæхицæн хос кæнынц. Уый фæстиуæгæн службæйы куыст не рлæууыдис, кæд æмæ раздæры хуызæн гуырахстджын нæу, уæддæр. Уымæ гæсгæ курæг стæм не ‘мбæстæгтæй, - кæд уæ хъуыддæгтæн аргъæвæн ис, уæд банхъæлмæ кæсут уавæры фæхуыздæрмæ. Уæхи бахъахъхъæнут низæй", - ӕрсидт цӕрджытӕм Бестауты Вида.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг мӕй скарз коронавирусимӕ уавӕр. Инфекцийӕ рынчынты нымӕц хизы бонӕй бонмӕ, республикӕйы рынчындӕтты ис дохтырты цухдзинад. Ӕххуысмӕ фӕзындысты урӕсейаг ӕфсӕддон медиктӕ – уыдон Цхинвалы айтыгътой мобилон госпиталь ӕмӕ хос кӕнынц пациенттӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0